ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарæзтой 93 иртæсты коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны тыххæй, уыдонæй æртæ равдыстой низы уæвынад, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хæдивæг Гаглойты Анна.
"Дыццæджы саразгæ тесттæм гæсгæ COVID-19 рабӕрӕг ис æртæ адæймагæн", - загъта уый.
Гаглойты Анна банысан кодта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 911 онг.
Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 367 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 078 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 278 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.