ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æвджиддар Цхуырбаты Татьяна æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытимæ иумæ бабæрæг кодта столицæ æмæ Цхинвалы районы æххуысхъуаг бинонты.
Сывæллæтты омбудсмен Sputnik куыд фехъусын кодта, афтæмæй балц арæзт æрцыд, цæмæй базоной, цы уавæрты цæрынч сывæллæттæ, цы цух сты, науæд та мыййаг сæ бартæ хæлд цæуынц æви нæ, уыдæттæ. Балцы фæстиуджытæм гæсгæ рафæлгъаугæ проблемæтæ скъуыддзаг цæудзысты оперативонæй.
"Президент Бибылты Анатолийы æххуысы фæрцы балхæдтам цалдæр бинонтæн æнæмæнгхъæуæг цардуагон техникæ, кæцыдæр бинонтæн та баластам сывæллæтты мебель. Афтæ ма сыл байуæрстам хæлцадон продукттæ, цардуагон хими æмæ гигиенæйы фæрæзтæ", - загъта уый.
Уымæй дарддæр ма скъолаагъоммæ кары сывæллæтты та бакодтой сабидæттæм.
"Фæнды мæ банысан кæнын Цхинвал æмæ Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады кусджыты профессионализм æмæ аудындзинад. Уыдон рæстæгыл сæ хъус æрдарынц сывæллæтты цухдзинæдтæм, зонынц сын иууылдæр сæ уавæртæ", - бахахх кодта Цхуырбаты Татьяна.