00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

"Югосетпотребнадзор" радзырдта коронавирусимæ уавæры тыххæй Хуссар Иры

© Sputnik / Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты ӕдӕппӕт 3284 адӕймаджы, сæнæниз сты 2916 пациенты

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабæрæг кодтой æхсæз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Цӕгат Иры коронавирусӕй амардысты ноджы цыппар адӕймаджы

"Нæ ПЦР-лабораторийы æртыццæджы цы 94 тесты сарæзтой, уыдон COVID-19 рабӕрӕг кодтой æхсæз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 916 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 368 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 172 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 284 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0