Мадӕлон ӕвзагӕн нывонд цард: куыд бабын кодтой Джиоты Катяйы советон репресситӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Екатерина
Джиоты Екатерина  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Рафыссын
Мадæлон æвзагыл дзурыны барыл фæсивæды тох æнæхъуаджы нæ фæцис, фæстæдæр Ирыстоны хуссарæн раздæхтой ирон æвзаг. Уымæн нывод æрхастой дæсгай адæймæгтæ сæ цард, ныссастой сæ хъысмæт, фæтары сты царды историйæ. Ацы къорды уæнгты æфхæрдæй фæхайджын ис Джиоты Екатерина дæр

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Терегуаны астӕуккаг скъолайы кӕрты 2000 ӕзтӕй фӕстӕмӕ лӕууы сылгоймаджы цырт. Бынӕттон цӕрджытӕ хорз зонынц, Джиоты Катя цы лӕггад бакодта Ирыстонӕн, фӕлӕ ӕгас республикӕйы ӕдзард чызджы хъысмӕт у сусæггаг.

Джиоты чызг йе 'мзонд æмбæлттимæ æрдæг æнусӕй фылдæры размæ стох кодтой æгъатыр системӕимæ, кæцы 1938 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы ныббиноныг кодта гуырдзиаг æвзаг. Æрыгон фæсивæд сæ хæсыл банымадтой сæ мадæлон æвзаджы сæрыл стох кæнын. Уый тыххæй фæсивæд бахаудысты Сталины лагерьтæм.

© Sputnik / Natalia Airiyan Терегуаны скъолайы ахуыргӕнджытӕ
Мадӕлон ӕвзагӕн нывонд цард: куыд бабын кодтой Джиоты Катяйы советон репресситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Терегуаны скъолайы ахуыргӕнджытӕ

Цыбыртӕй Джиоты Катяйы цард банысан кӕнӕн ис цалдӕр дзырдӕй - мадӕлон ӕвзагыл тох, ахӕстон, рӕуджыты уӕззау низ ӕмӕ мӕлӕт. Джиоты чызджы царды тыххæй скъуыддзæгтæй бакæсæн ис Уанеты Владимиры автобиографион роман "Белые облака на чёрном небосклоне"-йы. Йæ аннæ чиныг "Люди, помните о нас"-ы, цы ран фыссæг æрӕмбырд кодта репрессигонд адæмы чысыл биографитæ, иу сыф рахицæн кодта Джиоты Катяйæн дæр. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый фæцард æрмæст 40 азы. Чиныджы сыфтæй та кæсы ацæргæ сылгоймаджы сурӕт.

"Уыд студентон змæлды активисткæ, уыд Гуырдзыйы официалон разамынады политикæйы ныхмæ активон тохгæнæг. Институты парторгы комкоммæ нымыгъдæй йæ æрцахста Гуырдзыстоны æдасдзинады министрад. Стæрхон ын кодтой 10 азы фæбадын. Ахæстоны фæрынчын ис рæуджыты низæй æмæ тагъд амард", - фыст ис чиныджы.

Сылгоймаг йӕ цардӕй ахицӕн ис 1958 азы. Йӕ цардвӕндаджы тыххӕй Терегуаны скъолайы коллектив зонынц ӕрмӕстдӕр йе 'фсымӕр Джиоты Ипполиты (Полите) мысинӕгтӕй. Уый фӕкуыста ацы скъолайы 60 азы бӕрц. Ныридӕгӕн уый дӕр сӕрӕгас нал у, йӕ зӕнӕг та ацыдысты цӕрынмӕ Уӕрӕсемӕ.

Арт объект - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2020
Цхинвалы сӕнусон кодтой репрессигонд гоймӕгты рухс нӕмттӕ

"Чызджы ӕрцахстой зындгонд къорд "Рӕстдзинады" уӕнгтимӕ иу рӕстӕджы. Сӕ мысинӕгты уыдон дзырдтой, кӕй сӕ дарддой хицӕн камерӕты. Бауагътой-иу сӕм стыр мыстытæ, дарддой сӕ ӕххормагӕй. Сӕ бон нӕ уыд фынӕй кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ мыстытæ хордтой. Уыцы фыдӕбӕттӕ чызджы ӕнӕниздзинад фӕцудын кодтой", - радзырдта скъолайы директор Тадтаты Рита.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, чызгӕн стӕрхон кодтой 10 азы ахӕстоны фӕбадын, уым райста уæззау низ.

"Фидарӕй йӕ нӕ зонын. Дыууӕ ӕви дзы ӕртӕ азы фӕбадт. Рацыд рынчынӕй. Йе 'фсымӕр-иу дзырдта, йӕ сӕрӕн кӕй нал уыд, архайын йӕ бон ницыуал уыд, фылдӕр кодта хуысгӕ", - бафтыдта уый.

Рынчынӕй ма ӕвзаджы сӕрыл тохгӕнӕг рацард цалдӕр азы. Фӕлӕ низӕфхӕрдӕй дӕр йӕ фидар удыхъӕдӕй дисы ӕфтыдта адӕмы.

"Йӕ мад-иу ын уайдзӕфтӕ кодта, зӕгъгӕ, чызг дӕ ӕмӕ дæ цы тохы ӕфсӕрм уыд. Фӕлӕ йӕхӕдӕг нӕ саст. Уый бӕрц фыдӕбӕтты фӕстӕ дӕр дзырдта, ногӕй дӕр та уыцы фӕндаг кӕй равзарид",- радзырдта скъолайы директоры хæдивæг Ӕлборты Эвелина.

Ахуыргӕнджыты мысинӕгтӕм гӕсгӕ, сылгоймаг йӕ царды фыдӕбӕттӕн  нымадта цины хатдзӕг - ирон ӕвзаг кӕй цӕры.

"Уый дам-иу арӕх дзырдта, зӕгъгӕ дам уӕд куынӕ сдзырдтаиккам не 'взаджы сӕрыл, уӕд абон фесӕфтаид", - бафтыдта ахуыргæнæг.

Джиоты Катяйæн цырт сæвæрдтой 2000 азы. Хъуыддагыл бирæ архайдта Знауыры районы Гъаристауы хъӕуы цӕрӕг Сиукъаты Шалва. Официалон баконд ын ацыд æппæтреспубликон æмвæзадыл. Кæрдгæныв сцæттæ кодта адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан.

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Екатеринайы цырт
Мадӕлон ӕвзагӕн нывонд цард: куыд бабын кодтой Джиоты Катяйы советон репресситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Джиоты Екатеринайы цырт

"Ацы диссаджы сылгоймаджы цырт саразыны фæндимæ мæм æрбацыд Сиукъаты Шалва. Иу æвзæргъæд къаммæ гæсгæ куыстон. Джиоты Катя стыр лæггад бакодта мадæлон æвзагæн. Уæд гуырдзиаг дамгъуат кæй бакодтой, уый Ирыстонӕн стыр фыдбылыз уыд, мæнæн мæхи мад дæр 8-æм къласы уыд уӕд. Адæм уыдысты тынг ныхмæ, фæлæ рæстдзинадыл сдзурынæн алчи нæ уыд. Чызджы цырт ныр бахъыгдард ис æмæ йæ майы мæйы хъуамæ мæхæдæг сцалцæг кæнон", - загъта автор.

Мысинӕгтӕй ма бӕрӕг у "Рстдзинад"-ы къорд кӕй архайдтой чызджы ссӕрибар кӕнынмӕ.

"Цырты баконды рӕстӕджы къорды уӕнг Габуты Хазби дзырдта, кӕй хатыдысты, цӕмӕй сылгоймаг уӕвгӕйӕ Катяйы ма бафхӕрой, фӕлӕ сӕм хъусӕг нӕ уыд. Советон системӕ рассыдта Катяйы цард", - загъта Терегуаны скъолайы директор.

Уанеты Владимир, Габуты Хазби, Гасситы Лев, Джиоты Зауыр æмæ Бекъойты Георгий 1949 азы сарæзтой сусæг организаци "Рæстдзинад", кæцы тох кодта ирон адæмæн сæ мадæлон æвзагыл дзурыны бартыл. Сæ тох æнæхъуаджы нæ фæцис, фæстæдæр Ирыстоны хуссарæн раздæхтой мадæлон æвзаг. Фæлæ уымæн дæсгай адæймæгтæ ныводӕн æрхастой сæ цард, ныссастой сæ хъысмæт, фæтары сты царды историйæ. Ацы къорды уæнгты æфхæрдæй фæхайджын ис Джиоты Екатерина дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0