Дыууӕ авари, иу хъыгдардбаййафӕг: Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой фӕндӕгтыл уавӕры, афтӕ ма 19 - 26 апрелы республикӕйы криминоген уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ аварийы, уыдон фӕстиуӕгӕн хъыгдард баййӕфта иу адӕймаг, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы МХМ пресс-службӕ. 

Фӕндӕгыл уавӕр

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй фӕстаг къуыри ПАИ кусджытӕ срегистраци кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 172 фехӕлды. Фараст шофыры ныхмӕ сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.

"Ныхмӕвӕрд хахмӕ рахизыны тыххӕй инспектортӕ бӕрнмӕ ӕркодтой цыппар шофыры, фӕндагон нысӕнттӕ фехалыны тыххӕй - 30, светофоры сырх рухсыл аскъӕрыны тыххӕй - 28, ӕнӕ ӕмбӕлон документтӕй скъӕрыны тыххӕй та 33 шофыры", - ранымадтой МХМ.

Криминогенон уавӕр

Уагдоны ма банысан кодтой, ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны кӕй нӕ срегистраци кодтой иу фыдракӕнд дӕр. Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй ӕрурӕдтой ӕртӕ адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы ныхмӕ ист ӕрцыдысты административон ӕфхӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0