ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта республикæйы финансты министрадæн рæстæгыл раттын мызд дæргъвæтин улæфт бонтæм æнæкæсгæйæ, фехъусын кодта дыццæджы бæстæйы сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
"Бюджетон къабазы кусджытæн мызд ратдзысты 3 маййæ фæстæмæ, кæд улæфт бонтæ уыдзысты, уæддæр", - бахахх кодта Гасситы Дина.
Уый ма бафтыдта, президенты барамынд мыхуыр кæй æрцæудзæн æввахс бонты.
Республикæйы финансты министр Хæбæлаты Аза бон раздæр фехъусын кодта Sputnik, апрелы мызд бюджетон кусджытæ кæй райсдзысты æрмæстдæр дæргъвæтин улæфт бонты фæстæ - 10 маййæ фæстæмæ.
Къуырисæры Бибылты Анатолий бафыста барамынд майы улæфт бонты фæдыл - æнæкусгæ бонтыл нымад æрцыдысты 1-æй 10-æм маймæ.