"Дунейы рынимæ æнувыд тохы тыхæй": Хуссар Иры сфидар кæндзысты ног майдан

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры сфидар кæндзысты ног майдан
Хуссар Иры сфидар кæндзысты ног майдан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Апрелы райдайæны медицинæйы фадыджы кусджыты хорзæх кæныны рæстæджы паддзахады разамонæг фехъусын кодта, коронавирусы ныхмæ цы медиктæ æмæ волонтертæ тох кодтой, уыдон лæггадæн саргъ кæндзысты сæрмагонд хорзæхæй

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц бакæнын æнæниздзинады фадыджы сæрмагонд майдан "Дунейы рынимæ æнувыд тохы тыхæй". Хорзæхæй рахицæн кæндзысты, 2020 азы "Сырх зонæ"-йы удуæлдай куыст чи кодта, уыцы медикты.

Медойы Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2020
Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ дохтыры схорзӕхджын кодта Путин

Майдан бакæныны хъæппæрис раразмæ кодта президент Бибылты Анатолий. Апрелы райдайæны медицинæйы фадыджы кусджыты хорзæх кæныны рæстæджы паддзахады разамонæг фехъусын кодта, коронавирусы ныхмæ цы медиктæ æмæ волонтертæ тох кодтой, уыдон лæггадæн кæй саргъ кæндзысты сæрмагонд хорзæхæй.

Майдан "Дунейы рынимæ æнувыд тохы тыхæй" сфидар кæныны тыххæй фарстмæ абон æркæсдзæн Хуссар Ирыстоны закондæттæг орган. Уый фæдыл раныхас сараздзæн вице-спикер Плиты Александр.

Уымæй размæ сæрмагонд хорзæхтæ бакодтой Уæрæсейы дæр падемийы рæстæджы цы медиктæ куыстой, уыдонæн.

Хуссар Ирыстоны 2020 азы фæззæджы аппарахат ис коронавирусы инфекци, æнæниздзинады фадыг уый бæрц рынчынтимæ архайынмæ цæттæ нæ разынд. Уæд медиктæм æххуысмæ бамбал сты волонтертæ, фæстæдæр Хуссар Ирыстонмæ æрцыд УФ хъахъхъæнынады министрады быдырон госпиталь. 

Ног хабӕртты лентӕ
0