Гастролон май: "Симд" ратдзæн цыппар концерты Цæгат Кавказы горæтты

© Sputnik / Natalia Airiyan "Симд"
 Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Рафыссын
Ӕрбалæугæ мæй Хуссар Иры кафт æмæ зарды сæйраг коллектив "Симд" ралæудзæн Дзæуджыхъæу, Грозный æмæ Нальчикы

ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль "Симд" майы ратдзæн концерттæ Цæгат Кавказы æртæ горæты, фехъусын кодта Sputnik ансамблы директор Гаглойты Кристина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый суыдзæн фыццаг гастролон балц коллективæн реорганизацийы фæстæ.

"Уымæй размæ уыдыстæм Дагестаны, фæлæ уæд ацыдыстæм "Росконцерт"-ы хуындмæ гæсгæ. Ныр гастролон балц бацæттæ кодта "Симды разамынад", - загъта Гаглойты Кристина.

Ӕрбалæугæ мæй Хуссар Иры кафт æмæ зарды сæйраг коллектив ралæудзæн Дзæуджыхъæу, Грозный æмæ Нальчикы.

 Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
"Симд" ӕрсимдзӕн Дагестаны

"Концерттæ уыдзысты: Грозныйы - 24 майы, 26-27 майы – Дзæуджыхъæуы æмæ 29 майы та Нальчикы. Алкæцы концертмæ дæр хаст æрцæудзæн чысыл ивындзинæдтæ, цы регионы йæ æвдисой, уымæ гæсгæ", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамблӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1936 азы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0