Иры хъайтар Цоциты Вася. Хъæубæстæ нæ рох кæнынц, уæлахиз сын чи æрхаста

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвал
 Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районты алы аз дæр цытджын æгъдауæй, алыгъуызон мадзæлттæй банысан кæнынц Стыр Уæлахизы бæрæгбон

ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 76 азы боны цытæн цымыдисон мадзал "Ирыстоны хъæбатыр фырттæ", зæгъгæ, уагъд æрцыд Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы, Советон Цæдисы хъайтар Цоциты Васяйы цырты раз. Хъæубæстæ нæ рох кæнынц, уæлахиз сын чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ.

© Photo : Дриаты ЛейлаЦоциты Васяйы цырт
Иры хъайтар Цоциты Вася. Хъæубæстæ нæ рох кæнынц, уæлахиз сын чи æрхаста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Цоциты Васяйы цырт

Хуссар Ирыстоны районты алы аз дæр цытджын æгъдауæй, алыгъуызон мадзæлттæй банысан кæнынц Стыр Уæлахизы бæрæгбон.

Мадзал бацæттæ кодтой Цхинвалы районы администрацийы культурæйы хайады управлени (йæ сæргълæууæг Гаглойты Ростик), Централон библиотекæ æмæ Культурæйы хæдзары кусджытæ, афтӕ ма Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы библиотекæгæс Битеты Алена. Цытджын изӕрмӕ æрбацыдысты районы администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Бибылты Валери, культурæйы хайады управленийы хистæр Гаглойты Ростик, хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ. Мадзалмæ хуынд æрцыд фыссæг, журнал "Фидиуæг"-ы прозæйы хайады гæс Наниты Асиат.

Мадзаламонæг, Централон библиотекӕйы директор Уалыты Нанули раарфæ кодта æрбамбырдуæвджытæн ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Фыдыбæстæйон хæсты знагыл фæуæлахизмæ йæ уæзгæ хайбавæрд кӕй бахаста Хуссар Ирыстон дæр.

"22 мин адæймагæй фылдæр тох кодтой æппæт фронтты дæр. Уыдонæй дæс мин хæстоны фæмард тохы быдыры, æбæрæгæй фесæфт авд минæй фылдæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæбатыры ном чи райста, уыдоны 'хсæн ис æртын æхсæз ироны. Цæрджыты иумæйаг бæрцмæ гæсгæ нæ чысыл Ирыстон Хъæбатырты нымæцæй ис фыццаг бынаты", - цыбыртæй æрдзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй библиотекæйы директор.

Уый ма банысан кодта, Ирыстоны алы цыппæрæм адæймаг ссис ацы хæсты хайадисæг. Хæсты быдыры уыдон равдыстой диссаджы хъæбатырдзинад. Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуæй дæр бирæтæ ацыдысты Фыдыбæстæйон хæстмæ. Бирæтæ нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ.

Уый фæстæ иу минут æмырæйы алæугæйæ ссардтой хæсты фæмардуæвджыты ном. Райхъуыстысты хæстон музыкæйы зæлтæ, мадзалмæ æрбацæуджытæ дидинджытæ сæвæрдтой хъайтары цырты раз.

СФХ хъайтарты цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Хуссар Иры Фиддонты комитет йæ бæрны бакодта СФХ хъайтарты цыртытæй цалдæр

Сколадзаутæ Цоциты Вероника, Брянский Егор, Цоциты Тамерлан аив бакастысты æмдзæвгæтæ хæсты темæйыл.

Хъæубæсты номæй раныхас кодта Гассеты Арон. Уый ӕрдзырдта, Фыдыбæстæйон хæстмæ Ортъеуы хъæуæй цас фæсивæд ацыд, цасæй нал æрыздæхтысты хæсты быдырæй, куыд бандæвта Фыдыбæстæйон хæст æрмæст сæ хъæуыл нæ, фæлæ æмткæй Ирыстоныл.

"Ныры кæстæртæ хъуамæ зоной Ирыстоны хъæбатырты нæмттæ, нæ райгуырæн зæххыл цы тохтæ цыдысты, уыдоны тыххæй. Цæмæй хæрзчысылæй се 'нкъарынады æрбиноныг уа, кад æмæ цыт кæй хъæуы бæстæйы хъахъхъæнджытæн, макуы ферох кæной Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау чи бабын, уыцы дзæнæттаг æфсæддонты нæмттæ", - радзырдта Гассеты Арон.

Уый ма аив бакаст Цоциты Васяйыл фыст æмдзæвгæ.

Цхинвалы уынгтæй сæ иу æмæ кæм ахуыр кодта, уыцы скъола хæссынц Цоциты Васяйы ном, Хъайтарты аллейæйы йын æвæрд ис бюст.

Ног хабӕртты лентӕ
0