Сты хъусдарды бын: поликлиникӕйы сӕйраг дохтыр коронавирусӕй амбулаторон рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, куыд хос кӕнынц медиктӕ республикӕйы коронавирусӕй рынчынтӕн амбулаторон режимы

ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фӕстаг мӕйты дӕргъы фӕкъаддӕр коронавирусӕй рынчынкӕнынады ӕмвӕзад. Ӕрвылбон сбӕрӕг кӕнынц 3-5 ног рынчыны коронавирусӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ хос кӕнынц хӕдзӕртты, фӕлӕ медикты хъусдарды бын.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сӕйраг терапевт Санахъоты Тамарайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалы поликлиникӕмӕ ӕрвыл бон бацӕуы информаци ног рынчынты тыххӕй.

"Информаци нӕм куы ӕрбацӕуы, уӕд дохтыртӕ бадзурынц пациенттӕм ӕмӕ сын консультаци ауадзынц. Кӕд хъӕуы, уӕд сӕм ацӕуынц хӕдзӕрттӕм ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ", - загъта уый.

Дохтыр ма банысан кодта, пациенттӕ сӕхӕдӕг дӕр активонӕй кӕй дзурынц медиктӕм, хъусын сын кӕнынц сӕ ӕнӕниздзинады уавӕры тыххӕй.

Медиктӕ сидынц ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй сӕхӕдӕг ма хос кӕной ӕмӕ ма иуварс кӕной дохтыры ӕххуыс.

"Коронавирусӕй рынчын пациенттӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой сӕ уавӕрмӕ. Уавӕр куы февзӕрдӕр уа, уӕд хъуамӕ бадзурой дохтырмӕ", - бафтыдта дохтыр.

Югосетпотребнадзоры фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 3 308 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй ӕртӕ минмӕ ӕввахс пациенты сӕнӕниз сты. Медикты хъусдарды бын ма сты 328 рынчыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0