Хуссарирыстойнаг боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер

© Из архива тренера Р. КумаритоваХуссар Иры боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер
Хуссар Иры боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы спортивон кад хъахъхъӕдтой ӕртӕ боксеры, фӕлӕ призерты нымæцмæ бахызт æрмæст Санахъоты Андрей

ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвар Санахъоты Андрей ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерысты бронзæйон призер, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Куымӕридтаты Родион.

"Санахъоты Андрей бацахста æртыккаг бынат. Ахæм бæрзонд æмвæзады ерысты уый у хорз хатдзæг. Ерысты фæлгæтты уый рамбылдта дыууæ тохы, иуы та дзы æмсæр тохы фæхæрд ис ерысты уæлахиздзауæн", - загъта тренер.
© Из архива тренера Р. КумаритоваХуссар Иры боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер
Хуссарирыстойнаг боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Хуссар Иры боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер

Уый ма бафтыдта, аннæ дыууæ лæппу - Гуыцмӕзты Руслан æмæ Гуыцмӕзты Тамерлан дӕр сæхи аккаг кӕй равдыстой, фæлæ призерты нымæцмæ нæ бахызтысты.

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстæ ахицæн сты 30 апрелы, ам фӕсивӕд ӕвзӕрст цыдысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0