Бынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ: Цхинвалы дзулфыцӕн комбинат уӕрӕх кӕны йӕ ассортимент

© Sputnik / Дриаты ЛейлаБынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ
Бынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2021
Рафыссын
Дзулфыцæн комбинат фæстаг дыууæ азы бадзырдтæ сарæзта, бынæттон арендатортæй хæрзгъæд тыллæг чи æркæны, уыдонимæ æмæ сын балхæны сæ мæнæу. Скæнынц дзы дзул сæхи рецептмæ гæсгæ - ставд лæхурд ссадмæ бафтауынц зады ссад дæр æмæ дзы рауайы диссаджы дзул

ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты продукцийы ассортимент кæны уæрæхæй уæрæхдæр - ӕрæджы та райдыдтой дзулы ног хуыз уадзын. Уыцы дзул конд цæуы бынæттон мæнæуæй æмæ вæййы бæрæг адджындæр.

Дзулфыцæн комбинат фæстаг дыууæ азы бадзырдтæ сарæзта, бынæттон арендатортæй хæрзгъæд тыллæг чи æркæны, уыдонимæ æмæ сын балхæны сæ мæнæу. Мæнæу ссынц бынæттон куыройы. Цы ссад æркæнынц, уый сортыл нæ ныддихтæ кæнынц. Скæнынц дзы дзул сæхи рецептмæ гæсгæ - ставд лæхурд ссадмæ бафтауынц зады ссад дæр æмæ дзы рауайы диссаджы дзул.

"Дзул нырма конд цæуы цъус бæрцæй. Фæлæ ныридæгæн ссис бирæтæн уарзон, агурынц æй зæрдиагæй. Уымæ гæсгæ комбинат хъавы дзулы бæрц фæфылдæр кæнын", - зæгъы дзулфыцæн комбинаты магазины уæйгæнæг.

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй сӕ бахъæудзæн ноджы цалдæр бадзырд саразын, Ленингоры районы мæнæуы куыст цы хæдзарадтæ кæнынц, уыдонимæ дæр.

Уыдонӕй дарддӕр ма комбинат аразы рагон ирон хӕринаг ӕмӕ нозт - задын æмæ къуымæл дæр. Уыдон дæр уадзынц бынæттон, экологон æгъдауæй сыгъдæг продукцийæ. Дыууæ продукт дæр арæзт цæуынц зæронд рецептмæ гæсгæ, æнæ æфтауæнтæй. Нæдæр сæм сой æмæ нæдæр сæкæр æфтаугæйæ. Зæгъынц, зæгъгæ, бирæтæ бафæрсынц, фаг адджындзинад сæм цæннæ ис, фæлæ сæм сæкæр æфтыд куы цæуа, уæд продукттæ натуралон нал уыдзысты. Медицинæ куыд амоны, афтæмæй задынæн ис игæр алыгъуызон шлактæй сыгъдæггæнæн хиæдтæ. Уымæ гæсгæ йæ фылдæр фелхæнынц игæр æмæ уыргты æнæниздзинад мæгуырау кæмæн у, ахæм адæймæгтæ.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаБынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ
Бынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ: Цхинвалы дзулфыцӕн комбинат уӕрӕх кӕны йӕ ассортимент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2021
Бынæттон дзул ног рецептмæ гæсгæ

Куыд зонæм, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйы сæвзæры проблемæ уæзласæн машинæтæн, кæцытæ хæлцадон продукттæй ифтонг кæнынц республикæйы. Уый, куыд зонæм, афтæмæй, фыццаджыдæр, баст у Евразиаг таможнæйон цæдисы зæкъондæттынады фæткимæ, кæцы нæ амалиуæггæнджытæн у зын æххæстгæнæн.

Комбинат дзулæй канд горæты цæрджыты нæ ифтонг кæны, фæлæ Уæрæсейы æфсады 4-æм базæ æмæ Арæнхъахъхъæнджыты заставæты дæр. Ласынц æй республикæйы районтæм. Дзауы райцентрмæ алы бон дæр ласынц дзул сæрмагонд машинæтыл. Къуайса æмæ Знауырмæ – къуыри цыппар хатты. Ленингормæ æмæ йæ хъæутæм – къуыри æртæ-цыппар хатты. Цхинвалы районы хъæутæм та - æрвылбон дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0