Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды

© Пресс-служба президента РЮОДонецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони
Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Рафыссын
Донецкаг адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон мӕ хӕрзаудӕн организациты фӕрцы

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемонийы. Уый тыххӕй хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цыртдзӕвӕн ДАР балӕвар кодта Хуссар Ирыстон. Уый ӕвӕрд ӕрцыд бӕстӕйы фыццаг сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы номыл парчы.

© Пресс-служба президента РЮОДонецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони
Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони

ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин бузныг загъта Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн сӕ лӕггады тыххӕй Донецкы хъайтартӕн.

"Мах бузныг зӕгъӕм ирон адӕмӕн, уыдон фӕрцы нын фадат фӕцис сӕвӕрын цырт нӕ хъайтартӕн, кӕцытӕ сӕ цард нывондӕн ӕрхастой, цӕмӕй нӕ бӕстӕтӕ цӕрой", - банысан кодта Денис Пушилин.

Уый ма ноджы загъта бузныг ирыстойнаг бархионтӕн, кӕцытӕ "фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ слӕууыдысты нӕ хӕстонты фарсмӕ ӕмӕ хъӕхъхъӕдтой Донецкаг ӕмӕ Луганскаг Адӕмон республикӕты хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинад".

© Пресс-служба президента РЮОДонецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони
Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони

Бибылты Анатолий банысан кодта йӕ раныхасы, зӕгъгӕ, "Донбассы дӕр ӕмӕ Хуссар Ирыстоны дӕр сӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд фӕмардуӕвӕг лӕппутӕ сты сӕ фыдты ӕмӕ дадаты - Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеранты - идейӕтӕ дарддӕргӕнджытӕ".

"Махӕн нӕ хӕс у цыт кӕнын уӕдӕй абоны онг хъайтартӕн. Мах стӕм иу, ӕмӕ иумӕ арӕм тыхтӕ, цӕмӕй неофашизмы ныхмӕ тох кӕнӕм", - загъта Хуссар Ирыстоны президент.

© Пресс-служба президента РЮОДонецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони
Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемони

Бибылты Анатолий ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны фӕцӕфуӕвджыты фонды хайбавӕрд цырт сӕвӕрыны хъуыддагмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0