Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕсы тел арвыста Татарстаны сӕргълӕууӕгмӕ Казаны трагедийы фӕдыл

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæКазаны трагеди
Казаны трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Рафыссын
Дыццӕджы райсомӕй Казаны скъолатӕй иуы ӕрцыд теракт. Ацы ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн амардысты авд ахуырдзауы ӕмӕ ахуыргӕнӕг, афтӕ ма ноджы иу сылгоймаг, цӕфтӕ та райстой 21 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий арвыста тел Татарстаны президент Рустам Миннихановмӕ Казаны трагедийы фӕдыл, кӕцы ахаста фараст адӕймаджы цард. Уый тыххӕй хъусын кӕны бӕстӕйы къухдариуӕггӕнӕджы пресс-службӕ. 

Дыццӕджы райсомӕй Казаны скъолатӕй иуы 19-аздзыд студент райдыдта ӕхсын ӕхсӕнгарзӕй. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн амардысты авд ахуырдзауы, ахуыргӕнӕг ӕмӕ ноджы иу сылгоймаг - техникон кусӕг. Цӕфтӕ та райстой 21 адӕймаджы.

"Абон 175-ӕм скъолайы цы трагеди ӕрцыд, уый масштабӕн нӕдӕр ныхӕстӕй зӕгъӕн ис, нӕдӕр ӕй бамбарӕн ис. Зӕрдӕ скъуыдтӕ кӕны ацы ӕбуалгъ ӕгъатырдзинадӕй, сывӕллӕтты тӕригъӕдӕй", - дзырдӕуы тӕфӕрфӕсы телы.

Республикӕйы цӕрджыты ӕмӕ йӕхи номӕй Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта трагедийы амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн, фӕцӕфуӕвджытӕн та йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй тагъд сӕнӕниз уой.

Тӕфӕрфӕстӕ ма трагедийы фӕдыл Татарстаны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕн ракодта Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0