Цхинвалы сӕйраг терапевт радзырдта коронавирусӕй прививкӕтӕ саразджыты уавӕры тыххӕй

Рафыссын
Вакцинаци Хуссар Иры райдыдта майы райдайӕны - уымӕй цалдӕр боны размӕ республикӕмӕ ӕрластой "Sputnik V"-йы фыццаг парти. Прививкӕтӕ аразынц нырма медиктӕ ӕмӕ иммунитет ныллӕгкӕнӕн низтимӕ чи тох кӕны, уыцы адӕмӕн

ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирусы ныхмӕ вакцинӕ "Sputnik V" чи сарӕзта, уыдон иууылдӕр сӕхи хатынц, ницы ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ банкъардтой се 'нӕниздзинадыл, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара.

Коронавирусы ныхмӕ уӕрӕсейаг вакцинӕ "Sputnik V"-йы фыццаг парти республикӕмӕ ӕрластой 30 апреля. Препаратимӕ цыппар контейнеры фӕхӕццӕ кодтой республикон бирӕпрофилон медцентрмӕ. Фыццаг прививкӕтӕ сарӕзтӕуыд 3 майы.

"Прививкӕтӕ арӕзтам ӕрмӕстдӕр иу бон - 3 майы. Вакцинаци рацыдысты фондз адӕймаджы - медицинон кусджытӕ ӕмӕ низджын адӕм", - радзырдта Санахъоты Тамара.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, вакцинаци рацæуæг адæм иууылдæр сты дохтырты хъусдарды бын. Терапевт ма банысан кодта, прививкæтæ аразын кæй æрурæдтой улæфт бонты тыххæй æмæ та йæ сног кодтой дыццæджы.

"Фыццаг рады прививкæтæ араздзыстæм медицинон кусджытæн æмæ низджын адæмæн, уый фæсæ та ахуырады къабазы кусджытæн", - радзырдта сæйраг терапевт.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, вкцинæйæн кæй ис каримæ баст арæнæвæрдтæ - уый нæй гæнæн аразын, 18 азы кæуыл нæма сæххæст ис, ахæм сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0