Хуссар Иры вакцинӕ "Спутник V" сарзыны тыххӕй бахатыдысты ныридӕгӕн 500 адӕймаджы

Рафыссын
Вакцинаци Хуссар Иры райдыдта майы райдайӕны. Прививкӕтӕ аразынц нырма медиктӕ ӕмӕ иммунитет ныллӕгкӕнӕн низтимӕ чи тох кӕны, уыцы адӕмӕн. Вакцинацийы тыххӕй лӕмбынӕгдӕр Sputnik радзырдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Наниты Сослан

Чысыл паузӕйы фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны сног кодтой прививкӕтӕ аразын коронавирусы ныхмӕ. Коронавирусы ныхмӕ уӕрӕсейаг вакцинӕ "Sputnik V"-йы фыццаг парти республикӕмӕ ӕрластой 30 апреля. Препаратимӕ цыппар контейнеры фӕхӕццӕ кодтой республикон бирӕпрофилон медцентрмӕ. Фыццаг прививкӕтӕ сарӕзтӕуыд 3 майы.

Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Наниты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, прививкӕ сарзыны тыххӕй бахатыдысты ныридӕгӕн 500 адӕймаджы. Уыдонӕй сӕдӕйы бӕрц сты республикӕйы медуагдӕтты кусджытӕ.

Бирӕ куырдиӕттӕ цӕуынц районтӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0