Цхинвал ӕмӕ Владивосток ссисты ӕфсымӕрон горӕттӕ

© Sputnik / Vitaliy Ankov /  Ахизын медиабанкмæВладивосток
Владивосток - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Рафыссын
Фарсытӕ ӕруынаффӕ кодтой дарддӕры ӕгуыстады перспективӕтыл видеобастдзинады руаджы ӕмӕ банысан кодтой, дӕрддзӕфдзинад кӕй нӕ бахъыгдардзӕн фӕстиуӕгджын ахастыты

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвал ӕмӕ Владивостокы сӕргълӕуджытӕ бафыстой бадзырд горӕтты хсӕн ӕфсымӕрон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны фӕдыл. Бафыссыны церемони ацыд ӕртыццӕджы видеобастдзинады режимы.

Владивостокы сӕргълӕууӕг Олег Гуменюк банысан кодта, зӕгъгӕ, дыууӕ горӕт кӕрӕдзимӕ дард кӕй сты, уый ницы зындзинӕдтӕ сӕвзӕрын кӕндзӕн ӕнгом бастдзинӕдтӕ райтынг кӕнынӕн.

"Ацы бадзырдӕй мах равдыстам, кӕй тырнӕм ӕввахс ахастытӕм. Уый махыл ӕвӕры серьезон бӕрндзинад, уымӕн ӕмӕ мах архайӕм ӕрмӕст нӕ горӕтты нӕ, фӕлӕ иумӕйагӕй нӕ бӕстӕты номӕй", - загъта Владивостокы мэр.

Йӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕн раарфӕ кодта Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан ӕмӕ банысан кодта, ацы документы бафыст кӕй у историон цау.

РХИ УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2020
Хуссар Иры парламент сратификаци кодта Луганскимӕ бадзырд уӕлвӕткон цауты фӕдыл

"Махӕн тынг ӕхсызгон у, Владивастокы ӕрдхордон горӕтты нымӕцы ныр кӕй уыдзӕн горӕт-хъайтар Цхинвал дӕр. Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ ӕмӕ уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ уазӕгуарзаг бӕстӕйы", - бахахх кодта уый.

Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий дӕр равдыста ныфс, фарсытӕ кӕй ссардзысты иумӕйаг интерестӕ ӕмӕ ӕнтыстджынӕй ӕрӕвналдзысты ӕфсымӕрон ахастытӕ фидар кӕнынмӕ.

Бадзырд бафыссыны тыххӕй баныхастӕ горӕтты хсӕн цыдысты 2020 азы райдианӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0