УФ Федералон хӕзнадон басгардзӕн Хуссар Ирӕн рахицӕнгонд фӕрӕзты хардзкӕнынад

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУФ Федералон хӕзнадон басгардзӕн фӕрӕзты хардзкӕнынад, кӕцытӕ рахицӕн кодтой Хуссар Ирӕн
УФ Федералон хӕзнадон басгардзӕн фӕрӕзты хардзкӕнынад, кӕцытӕ рахицӕн кодтой Хуссар Ирӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Рафыссын
Республикӕйы хицауады сӕрдар ауагъта фембӕлд уӕрӕсейаг хӕзнадоны минӕвӕрттимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ кусӕгон балцы

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik. Уӕрӕсейы хӕзнадоны минӕвӕрттӕ басгардзысты фӕрӕзты хардзкӕнынад, кӕцытӕ рахицӕн кодтой федералон бюджетӕй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн финансон ӕххуыс бакӕныны нысанӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Хæбæлаты Аза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Финансты министр радзырдта, кæмæн æмæ цас фæфылдæр уыдзысты сæ мыздтæ хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий знон ауагъта фембӕлд уӕрӕсейаг хӕзнадоны кусӕгон къордимӕ, кӕцы ӕрцыд Цхинвалмӕ.

Премьер-министр банысан кодта, уагдоны басгӕрст кӕй у ахсджиаг ӕмӕ уӕззау куыст.

"Контролон мадзӕлттӕ ауадзынӕн мах сарӕзтам алы уавӕртӕ дӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕ басгӕрсты фӕстиуджытӕ рагфӕдзӕхст бакӕндзысты финансон архайды проблемон фарстыты фӕдыл", - загъта Бекъойты Геннадий.

Хӕзнадоны минӕвар бахахх кодта, кусӕгон къорд нывӕзтон басгӕрст кӕй уадздзӕн республикӕйы министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0