Культурӕйы ӕнӕбайсгӕ хай: Sputnik пресс-центры ӕрныхас кодтой ирон ӕвзаджы райрӕзтыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Пресс-конференци
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Ирон ӕвзаджы боны размӕ агентады пресс-центры ацыд видео-конференци Мӕскуыимӕ, кӕцыйы хайадисджытӕ ӕрдзырдтой ирон ӕвзаджы уавӕрыл

ЦХИНВАЛ, 14 мая – Sputnik, Козаты Диана. Ирон ӕвзаджы райрӕзтыл ӕппӕт ӕхсӕнад куы нӕ куса, уӕд ӕй фесафдзыстӕм. Ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты Цхинвал-Мӕскуы видео-конференцийы рӕстӕджы, цы ран дзырдтой ирон ӕвзаджы проблемӕтӕ ӕмӕ райрӕзтыл. Sputnik пресс-центры мадзал уыд нывонд Ирон ӕвзаджы боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц 15 майы.

ХИПУ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кафедрӕйы доцент, ахуыргонд Дзццойты Юрий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты онг ирон ӕвзагӕн нӕ уыд паддзахадон статус.

"Нӕ интеллигенци уӕд дӕр ӕрӕвӕрдта фарст, ӕмӕ махӕн бантыст йӕ сӕххӕст кӕнын. Ныр ирон ӕвзаг у фыццаг паддзахадон ӕвзаг. Махмӕ ис закон паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис нӕм программӕтӕ ӕвзаджы райрӕзты фӕдыл дӕр. Гӕххӕттыл ирон ӕвзаг у паддзахадон, ис ын ӕмхуызон бартӕ уырыссагимӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн, йӕ функцитӕ уый нӕмӕ не ‘ххӕст кӕны", - загъта ахуыргонд.

Дыууӕ оригиналы принцип

Диццойты Юрий банысан кодта, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ паддзахадон ӕвзаг - у ӕвзаг, кӕцыйыл аразынц сӕ хъуыддӕгтӕ паддзахадон органтӕ. Уый гӕнӕн ис саразын, куы сӕххӕст кӕной "дыууӕ оригиналы принцип" – Дзиццойты Юрий ацы хъуыды фехъусын кодта раздӕр дӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Диццойты Юрий
Культурӕйы ӕнӕбайсгӕ хай: Sputnik пресс-центры ӕрныхас кодтой ирон ӕвзаджы райрӕзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Диццойты Юрий

Ацы принципмӕ гӕсгӕ хицауады органты хъӕуы саразын тӕлмацгӕнджыты штаттӕ, кӕцытӕ цӕттӕ кодтаиккой документтӕ дыууӕ ӕвзагыл, кӕцытӕн уыдаид ӕмхуызон тых.

"Президент ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ бафыстаиккой-иу дыууӕ оригиналы дыууӕ ӕвзагыл. Уый ахъаз уыдаид ирон ӕвзаджы престижы рӕзынӕн", - загъта доцент.

Дзиццойты Юрий радзырдта, кӕй куыста бынӕттон архивты, цы ран йыл сӕмбӕлдысты ӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ уыдысты баст Хуссар Ирыстоны культурон арӕзтады фарстытӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, протоколтӕ ӕмӕ рабадтытӕ уагъд цыдысты ирон ӕвзагыл.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ныр ирон ӕвзагӕн ис ахсджиаг уӕлидзинад – уымӕн ис паддзахадон статус, ӕмӕ йӕ фадӕттӕ сты уӕрӕхдӕр.

Афтӕ ма, Дзиццойты Юрий ранымадта бирӕ ахуыргондты, кӕцытӕ бӕрзонд ӕмвӕзадыл ахуыр кӕнынц ирон ӕвзаг.

Чи ирвӕзын кӕндзӕн ирон ӕвзаг

Дзиццойты Юрийы уырны, ӕвзаг фервӕзын кӕнын кӕй ис дыууӕ президенты къухты – Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны.

Гæбæраты Фатимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Гæбæраты Фатимæ Ирон æвзаджы боны тыххæй: ныййарджытæ сæ сабитæм иронау нал дзурынц

"Мӕ хъуыды у афтӕ: ирон ӕвзаг фервӕзын кӕныныл куы нӕ архайа ӕппӕт ӕхсӕнад, президентӕй радайгӕйӕ, уӕд мах фесафдзыстӕм не ‘взаг", - бахахх кодта ахуыргонд.

Уый ма йӕ хъуыды загъта терминологон къамисы тыххӕй дӕр ӕмӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, республикӕйы кӕй куыстой цалдӕр фадыгон къамисы алыгъуызон здӕхтыты.

Уыимӕ иумӕ Дзиццойты Юрийы уырны, ирон ӕвзаджы кӕй ис фаг терминтӕ, цӕмӕй уадзой дискусситӕ политикон, историон ӕмӕ ӕндӕр тематикӕтыл.

"Юридикон ӕмӕ медицинон тематикӕйӕ дарддӕр, цы ран ис бирӕ лыстӕгдзинӕдтӕ, кӕцытыл баст у адӕймаджы хъысмӕт. Уым нӕй гӕнӕн рӕдийын, ӕмӕ ацы здӕхты хъуамӕ архайой ӕрмӕст ирон ӕвзаджы ахуыргондтӕ нӕ, фӕлӕ ацы фадыджы специалисттӕ дӕр", - бахахх кодта Дзиццойты Юрий.

Чиновниктӕ дӕр нӕ дзурынц мадӕлон ӕвзагыл

Историон зонӕдты кандидат, этнограф ӕмӕ журналист Хъуылымбегты Роберт разы у уыимӕ, ӕмӕ документтӕ аразыны хъӕуы пайда кӕнын ирон ӕвзагӕй.

"Уый у рагон проблемӕ. 1924 азы нӕ газет "Хурзӕрин" фыста, нӕ разамонджытӕн сӕ бон кӕй нӕу ӕмӕ бирӕты та нӕ фӕнды дзурын иронау. Абоны бон дӕр ахӕм практикӕ ис. Ӕрӕджы мах бакастыстӕм бынӕттон телеуынынады къуырион афӕлгӕстмӕ, ӕмӕ дзы иу чиновник дӕр нӕ радзырдта мадӕлон ӕвзагыл", - банысан кодта уый.

Хъуылымбегты Роберт зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта ирон ӕвзаджы райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕ дӕр, кӕцыйы тыххӕй рахицӕн кӕнынц "хорз ӕхцатӕ".

"Куыд эффективон хардз сӕ кӕнынц, уый нӕ зонын. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мах бахардз кӕндзыстӕм фондз милуан сомы, ӕмӕ сомбон иууылдӕр дзурдзысты мадӕлон ӕвзагыл. Хъӕуы ӕмбарын, бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцӕуы саби бонтӕй. Мӕхӕдӕг цыппар азы онг нӕ дзырдтон ирон ӕвзагыл, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нӕ райгуырдтӕн. Ардӕм куы ӕрцыдтӕн, уӕд иу азмӕ сахуыр кодтон мадӕлон ӕвзаг. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъӕуы исты саразын ацы кары категорийӕн", - загъта журналист.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хъуылымбегты Роберт
Культурӕйы ӕнӕбайсгӕ хай: Sputnik пресс-центры ӕрныхас кодтой ирон ӕвзаджы райрӕзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Хъуылымбегты Роберт

Хуыцаумӕ мадӕлон ӕвзагыл хъӕуы кувын

Этнограф Хъуылымьегты Роберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, монон фадыг цымыдис ӕвзӕрын кӕны ӕвзагмӕ дӕр.

"Цавӕр хъӕздыг ма уа уырыссаг ӕвзаг, уӕддӕр нӕ зӕдтӕ ӕмӕ дзуӕрттӕм хъуамӕ кувӕм ирон ӕвзагыл. Уырысаг ӕвзаг зонынӕй мах нӕхи сбуц кӕнӕм. Ирон ӕвзаг та нымайӕм къӕбицы ӕвзагыл. Фӕлӕ, ӕз нымайын, кувын хъӕцы ирон ӕвзагыл", - бафтыдта уый.

Хъӕу - ӕвзаджы гуырӕн

Ахуыргӕнӕг ӕмӕ фыссӕг Годжыцаты Нелли ма раргом кодта ӕвзаджы ноджы иу проблемӕ, кӕцы къуыхцы кӕны национ ӕвзаджы размӕцыд. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕнад иронау кӕй нал дзуры, уымӕн стыр нысаниуӕг ис.

"Хъӕу фӕстӕмӕ цӕуы, мах та зонӕм иууыл литературӕйы фадыджы курдиатджын ӕмӕ номдзыд адӕм цыдысты хъӕуӕй. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр хъӕуӕй дӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарын ирондзинады дунейы куы хъомыл кӕнай. Уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ нӕ уыд, уыдон рӕсугъд дзырдтой иронау ӕмӕ ӕз архайдтон сӕ хорздзинад райсыныл, уый сын феххуыс ис царды", - радзырдта уый.

Фыссӕджы фидарӕй уырны, ирон ӕвзаджы райрӕзтӕн ӕнӕмӕнг у ирондзинады дуне.

© Sputnik / Natalia Airiyan Годжыцаты Нелли
Культурӕйы ӕнӕбайсгӕ хай: Sputnik пресс-центры ӕрныхас кодтой ирон ӕвзаджы райрӕзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Годжыцаты Нелли
Ног хабӕртты лентӕ
0