ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Соттиты Асланбег ссис Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау 23 азы онг фӕсивӕды хсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.
Знон Скопьейы (Македони) Европӕйы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 23 азы онг фӕсивӕды хсӕн фӕбӕрӕг сты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ 57, 65, 70, 79 ӕмӕ 97 килограммы уӕзы категориты. Ирон богал архайдта 97 килограммы уӕзы категорийы.
"Финалон тохы Соттиты Асланбег рамбылдта Раду Лефтеры (Молдави) 10:0 хыгъдӕй ӕмӕ ссис Европӕйы чемпион", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, уӕлахизмӕ фӕндагыл Соттиты Асланбег кӕй рамбылдта азербайджайнаг спортсмен Ислам Ильясовы (3:1), финалы цыппӕрӕм хайы фӕуӕлахиз Польшайы минӕвар Михал Белавскийыл (14:5), ӕрдӕгфиналы та 14:4 хыгъдӕй рамбылдта гуырдзиаг Лука Хучуайы.
Соттиты Асланбег тренировкӕ кӕны Тыбылты Цезары къухдариуӕгады бын.