https://sputnik-ossetia.com/20210520/rt-min-eksponaty-m-XVII-nusy-bstykhay--Leningory-rayony-atsyd-Noch-v-muzee-yy-aktsi-12247115.html
Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"
Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазджытӕн фадат уыд фенын рагон историон экспонаттӕ ӕмӕ номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, радзырдтой районы администрацийы 20.05.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-05-20T10:20+0300
2021-05-20T10:20+0300
2021-05-20T10:30+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/28/16/281639_0:309:6016:3708_1920x0_80_0_0_ebcd49ebacde4f74a6288c5840e0af65.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/28/16/281639_0:123:6016:3898_1920x0_80_0_0_ac47ff617bee9e8ee8efbef7a881e64c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
культурӕ, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
культурӕ, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"
10:20 20.05.2021 (Ранӕуӕггонд: 10:30 20.05.2021) Уазджытӕн фадат уыд фенын рагон историон экспонаттӕ ӕмӕ номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, радзырдтой районы администрацийы
ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы историон бӕстӕзонӕн музей бамбал ис ӕхсӕнадӕмон акци "Музейты ӕхсӕв"-мӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.
Акци районы цӕуы ныр цыппӕрӕм аз.
"Дысон ӕхсӕв йӕ дуӕрттӕ бакодта Ленингоры районы историкон бӕстӕзонӕн музей. Музейы хӕзнадоны ис ӕртӕ мин экспонаты онг. XVII ӕнусы бӕстыхайы ӕддаг бакаст бахъахъхъӕд ӕрцыд. Уазджытӕн сарӕзтой экскурситӕ, фенын сын кодтой рагон артефакттӕ, ӕлыг марды чырынтӕ, хӕдзарон мигӕнӕнтӕ", - загъта уый.
Ныхасӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы сӕйраг нысан у цымыдис сӕвзӕрын кӕнын историон экспонаттӕм.
"Мадзалы рӕстӕджы ма музейы фенӕн уыд номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, сӕ нымӕцы Уӕрӕсейы адӕмон нывгӕнӕг Бедойты Шалвайы нывтӕ", - бафтыдта Кокойты Анжела.
Мадзал бацӕттӕ кодта Ленингоры районы культурӕйы хайад.