Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрдынӕй ӕхсынӕй Кӕсӕг-Балхъары фыццагады

© Пресс-служба министерства физической культуры и спорта Северной ОсетииИрыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрдынӕй ӕхсынӕй Кӕсӕг-Балхъары фыццагады
Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрдынӕй ӕхсынӕй Кӕсӕг-Балхъары фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2021
Рафыссын
Кады пьедесталмӕ схызтысты ирон спортсменкӕтӕ Костионова Алена ӕмӕ Худиты Элина. Уыдон рамбылдтой ӕртӕ ӕвзист майданы

ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсменкӕтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой Кӕсӕг-Балхъары гом фыццагады ӕрдынӕй ӕхсынӕй.

Хуссар Иры каратисттӕ рамбылдтой авд майданы Майкопы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Хуссар Иры каратисттӕ рамбылдтой авд майданы Майкопы

Костионова Алена бацахста дыккаг бынат дисциплинӕ "классикон ӕрдынӕй ӕхсыны", миксты дӕр уый ссис дыккаг.

Худиты Элина та квалификацион раунды бацахста дыккаг бынат. Спортсменкӕты бацӕттӕ кодта специалист Томайты Людмила.

Амӕйразмӕ каратисттӕ Хуссар Ирыстонӕй рамбылдтой авд майданы Майкопы ерысты. Ирон спортсментӕ райстой ӕртӕ сыгъзӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0