Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры рӕзты 29 майӕн ахсджиаг нысаниуӕг ис

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурӕт
Джиоты Мурӕт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2021
Рафыссын
Хуссар Иры фыццаг ӕрсидты депутат, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, 1992 азы цы уавӕрты ӕрцыд фыст хӕдбардзинады акт
Джиоты Мурӕт: нӕ респубикӕйы рӕзты 29 майӕн ахсджиаг нысаниуӕг ис

Хуссар Ирыстоны паддзахады арӕзты историйы ис цалдӕр ахсджиаг датӕйы, уыдонӕй сӕ иу у 1992 азы 29 май - Хӕдбардзинад расидыны акт райсыны бон. Хӕдбардзинад расидджытӕй иу, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар, историк Джиоты Мурӕт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ паддзахады арӕзты уый уыд тынг ахсджиаг хъуыддаг.

"Нӕ цӕст куы ахӕссӕм, нӕ республикӕ куыд арӕзт цыд, цы уӕззау фӕндагыл рацыд, уӕд дзы 1992 азы 29 май ахсы стыр ахсджиаг бынат" - загъта Джиоты Мурӕт.

Ӕххӕстбарджын минӕвар куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дыууӕ азӕй фылдӕр цы паддзахад арӕзт цыд, уымӕн ӕрцыд арӕзт стыр барадон хатдзӕг уыцы бон.

"Ивгъуыд ӕнусты ӕстайӕм ӕзты дыккаг хайы Советон Цӕдис цадӕггай пырх кӕнын куы райдыдта, уӕд бынтон ирдӕй националистон тыхтӕ разындысты Гуырдзыстоны республикӕйы. Фӕзынд дзы ахӕм тыхтӕ, кӕцытӕ комкоммӕ сидын райдыдтой хӕдбар паддзахад саразынмӕ. Уыцы домӕнтӕ баст уыдысты канд Гуырдзыстоны рахицӕн кӕныныл нӕ, фӕлӕ советон республикӕйы цы ӕндӕр адӕмтӕ цард, уыдон бартӕ халынимӕ", - радзырдта историк.

Джиоты Мурӕт ма ӕрымысыд, уыцы рӕстӕджы Советон Цӕдисы автономон областы статус кӕмӕн уыд, уыдон сӕ бартыл уӕлдӕр кӕй схӕцыдысты, Хуссар Ирыстонӕн та Гуырдзыстоны къухдариуӕгад йӕ бартыл дӕлӕмӕ ӕрхӕцыд регионы онг.

Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0