Цхинвалы нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Боны сӕйраг мадзал ацыд республикӕйы столицӕйы центры – ацы ран ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай сывӕллӕттӕ, сӕ ныййарджытӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Сывӕллӕтты худт ӕмӕ циндзинад – ахӕмӕй бахъуыды кӕндзысты Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон бон Цхинвалы Театралон фӕзуатыл.

Театралон фӕзуатыл ӕрӕмбырд сты сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ. Хъӕлдзӕг сабитӕ хъазыдысты заргӕ фонтаны алыварс.

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Цхинвалы нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

Уый фӕстӕ райдыдта концерт аниматорты хайадистӕй, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой мультфильмты персонажты фӕлгонцтӕ. "Бременские музыканты" ӕрбацыдысты байктыл ӕмӕ хъӕлдзӕг зарджыты зӕлтӕм схызтысты сценӕмӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Цхинвалы нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта президенты цур сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.

"Сӕрмагонд бӕрӕгбон у, кӕцы махӕн, хистӕртӕн, хъуамӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кӕна, сывӕллӕтты куыд тынг хъӕуы не ‘ххуыс ӕмӕ хъусдард. Уадз ӕмӕ республикӕйы алкӕцы сывӕллон дӕр уа хъахъхъӕд, хъугӕ ӕмӕ уарзон", - загъта сывӕллӕтты омбудсмен.

Бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрбацыд республикӕйы президент Бибылты Анатолий дӕр. Паддзахады сӕргълӕууӕгӕн йӕ цӕст бауарзта сывӕллӕттӕн амондджын сабийы бонтӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Цхинвалы нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

Сывӕллӕтты Хъахъхъӕныны бон адарддӕр ис асфальтыл нывкӕныны конкурсӕй ӕмӕ Ӕвзонг техникты станцы кӕрты хъӕзтытӕй. Уым ӕрӕмбырд сты алы кары сывӕллӕттӕ, уыдис сын фадат равдисын сӕ курдиат ӕмӕ фантази.

Ууыл рӕзгӕ фӕлтӕры бӕрӕгбон нӕ фӕцис, боны дӕргъы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц равдысттӕ, армукъатӕ ӕмӕ ӕндӕр хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
1/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
2/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
3/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
4/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
5/5
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Ног хабӕртты лентӕ
0