Сбӕрӕг кодтой нӕлгоймаджы гоймагдзинад, кӕцыйы мӕрдон буар ссардтой Цхинвалы – УУМ

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2021
Рафыссын
Столицӕйы цӕрӕджы мӕрдон буар ссардӕуыд ӕртыццӕджы горӕты цады цур. Цауы бынатмӕ ацыдысты УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы цады цур кӕй мӕрдон буар ссардтой, уый разынд столицӕйы 50-аздзыд цӕрӕг, кӕцы цард микрорайон "Царз"-ы, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

"Развӕлгъау басгӕрсты рӕстӕджы тыхмарды миниуджытӕ не ссардӕуыд", - загъта агентады ныхасӕмбал.

УУМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, мӕрдон буары тыххӕй хъусинаг ӕрбацыд уагдонмӕ 13.14 сахатыл. Уый ссардта горӕты цӕрӕг, кӕцы йӕ цуанонимӕ тезгъо кодта цады цур. Цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг структурӕты кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0