Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы не сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй рынчынты, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3 344 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон уагдоны лабораторийы ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл цы 41 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Медикты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 13 адӕймаджы.Медицинон хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы систой иу пациенты, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 331 онг.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 905 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 344 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0