Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 346 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 3 332 адӕймаджы сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 4 июн— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл цы 47 тесты сарӕзтой, уыдонӕй дыууӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, медицинон хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы систой иу пациенты, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 332 онг. Медикты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 14 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 999 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 346 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0