ХИПУ фехъусын кодта ног ахуырадон азмӕ абитуриентты райсты райдайӕны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университетмӕ куырдиӕттӕ исын райдайдзысты июлы

ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет фехъусын кодта абитуриентты райсты райдайӕны тыххӕй ног ахуырадон азмӕ, фехъусын кодтой ХИПУ пресс-службӕйы.

Хуссар Иры ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодтой саразын ӕфсӕддон кафедрӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Хуссар Иры ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодтой саразын ӕфсӕддон кафедрӕ

Фидӕны студенттӕ равзардзысты ӕртӕ хайадӕй – боны хайад, фӕсаууон бюджетон бындурыл ӕмӕ коммерцион фӕсаууон, афтӕ ма дыууӕ дӕсниадӕй.

"Ацы аз ма райдыдтой исын ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы дӕсниадмӕ фӕсаууон хайады коммерцион бындурыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Ахуырадон уагдоны бахахх кодтой, ацы аз кӕй нӕ исдзысты абитуриентты актерен дӕсниады факультетмӕ.

ХИПУ банысан кодтой, зӕгъгӕ, абитуриенттӕ, кӕцытӕ фесты скъола сыгъзӕрин кӕнӕ ӕвзист майданимӕ, равзаргӕ дӕсниадӕй дӕттынц ӕрмӕстдӕр иу фӕлварӕн, кӕцы снысан кодтой фыццагӕй номхыгъды. Уыдоны ссӕрибар кӕндзысты аннӕ фӕлварӕнтӕй, кӕд ӕмӕ райсой "фондз". Ӕнӕ кокурсӕй ист цӕудзысты республикон олимпиадӕйы призертӕ профилон предметтӕм гӕсгӕ.

"Уымӕй дарддӕр, университет исы студентты сӕрмагонд бадзырдтӕм гӕсгӕ куыстуӕттимӕ, организацитимӕ ӕмӕ хисӕрмагонд гоймӕгтимӕ коммерцион бындурыл", - бафтыдтой пресс-службӕйы.

Куырдиӕттӕ ист цӕудзысты 1 – 5 июлы, "Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕ" дӕсниадмӕ та – 12 июльмӕ. Фӕсаууон хайадмӕ коммерцион бындурыл абитуриентты документтӕ ист цӕудзысты 20 июлы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0