Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ
Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Ереды хъӕуы фӕзуаты куыстытӕ уагъд цӕуынц Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны механизмты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны горӕтгӕрон хъӕу Ереды ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ, фехъусын кодта Sputnik адӕймаджы барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын Тасойты Инал.

Ереды быдыры куыстытӕ уагъд цӕуынц Ӕхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны механизмты фӕлгӕтты.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ
Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ

Тасойты Инал куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй сӕм уыд информаци, ома хъӕуы быдырон куыстытӕ цы бынаты цӕуынц, уым гуырдзиӕгтӕ ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты баныгӕдтой не 'мбӕстӕгтӕй дыууӕйы.

"Уыцы информацимӕ гӕсгӕ, адӕмы мӕрдон буӕрттӕ нывӕрдтой, Советон дуджы хойраг цы буыркуыты дардтой, уым. Зӕгъгӕ, ӕмткӕй сӕ нымӕц у 20. Дыууӕ быркуы уал ссардтам, фӕлӕ сӕ ницы разынд. Цы стӕгдартӕ ссардтой, уыдон буыркуыты нӕ уыдысты", - загъта уый.

Уый ма бафтыдта, ныртӕккӕ стӕгдартӕ кӕй цӕуынц ахуыр. Бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ, Зонад-Иртасӕн институты кусджытӕ, Сырх дзуары комитет.

"Дарддӕр бынат дӕр сгӕрст цӕуы. Бӕстонӕй зӕгъӕн уыдзӕн экспертизӕты фӕстӕ", - балхынцъ кодта омбудсмен.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ
Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Цхинвалгӕрон хъӕуы ссардтой адӕймаджы стӕгдартӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0