Хуссар Иры санаторий "Ныфс" рауӕрӕх кӕндзӕн хоскӕныны фадӕттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2021
Рафыссын
Мӕйы кӕрӕттӕм донхосгӕнӕндонмӕ хӕццӕ кӕндзӕн электрон хахх, фӕстӕдӕр дзы фӕзындзӕн мобилон бастдзинад, интернет ӕмӕ хоскӕныны ног фадӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъӕуы уӕвӕг донхосгӕнӕндон "Ныфс" фӕфӕстиад кӕндзӕн йӕ баконд, фӕлӕ уыдзӕн ног рауӕрӕхгонд фадӕттимӕ, фехъусын кодта Sputnik санаторийы хистӕр Чилӕхсаты Владимир.

Нагутнийы «Ныфс» - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2017
Нагутнийы «Ныфс»

Ӕрвылаз "Ныфс" бакӕны улӕфджытӕн йӕ дуӕрттӕ 20 июны, ацы аз ӕй аргъӕвтой мӕйы кӕронмӕ - цалынмӕ улӕфӕндон ифтонг ӕрцӕуа электрон рухсӕй.

"Ныридӕгӕн кусджытӕ активон темптӕй кусынц, архайы дзы ӕртӕ бригадӕйы. Республикӕйы разамынад бацархайдта, цӕмӕй улӕфӕндоны уавӕртӕ рауӕрӕх уой. Рухсы фӕстӕ ныфс дӕттынц скусын кӕнын мобилон бастдзинад ӕмӕ интернет", - загъта санаторийы хистӕр.

Уый ма бафтыдта, электроэнергийы фӕзынд улӕфӕндоны кӕй бакӕндзӕн хоскӕныны ног фадӕттӕ.

"Ног фадӕттӕн ифтонгад дӕр у цӕттӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм электронон хаххыл куыстыты фӕудмӕ", - бахахх кодта Чилӕхсаты Владимир.

Донхосгӕнӕндонмӕ электрон рухс бауадзыныл рагӕй дзырдтой. Ныр йын бантыст балхынцъ кӕнын. Электронон лини цӕуы 10 километры дӕрддзӕф сыхаг хъӕуӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0