Уый никуыуал сфӕлхатт уыдзӕн: УФ Думӕйы депутат Хуссар Иры 2008 азы хӕсты тыххӕй

© Sputnik / Александр ХроленкоФидауынгӕнджытӕ Цхинвалы
Фидауынгӕнджытӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2021
Рафыссын
Паддзахадон Думӕйы депутат Виктор Водолацкийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе алцыдӕр аразы Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны ӕмӕ йӕ размӕцыды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе никуы ӕруадздзӕн 2008 азы августы цауты фӕлхатын, фехъусын кодта УФ Паддзахадон думӕйы ХПӔ хъуыддæгтæ, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг депутат Виктор Водолацкий.

Лохты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2020
Геноциды рæстæджы ирæттæ Гуырдзыйы ныхмæ цыдысты сагæйттимæ - Лохты Дзамболат

Уӕрӕсейы боны хӕдразмӕ Sputnik пресс-центры ацыд видеохид Мӕскуы-Цхинвал-Сухум ахӕм темӕйыл: "Уӕрӕсейы роль Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕндидзыны: хӕларад ӕмӕ интеграци". Йӕ хайадисджытӕ ссисты ХПӔ хъуыддæгтæ, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Виктор Водолацкий, уӕрӕсейаг минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Абхазы Алексей Двинянин.

"Уӕрӕсе никуыуал ӕруадздзӕн, цӕмӕй ма Хуссар Ирыстоны территоримӕ иу чысыл нӕмыг дӕр ӕрбатӕха", - загъта Водолацкий.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, УФ ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ, кӕцытӕ службӕ кӕнынц Хуссар Ирыстоны, ӕмӕ дыууӕ бӕстӕ цы куыст уадзынц, уыдон алыварсонӕй кӕй хъахъхъӕнынц республикӕйы ӕдасдзинад.

"Ис регионы райрӕзты перспективӕтӕ, ракӕндзӕн дзы иуы кой. Ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы иумӕйаг кадетон корпус саразыны фарст, кӕцы баконд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ Дзӕуджыхъӕуы, кӕнӕ та Цхинвалы, цӕмӕй республикӕ йӕхӕдӕг цӕттӕ кӕна йӕ фидӕны хъахъхъӕнджыты. Фӕлӕ уын ныфс ӕвӕрын, 2008 азы августы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон никуыуал сфӕлхатт уыдзысты", - бахахх кодта Водолацкий.

Уый радзырдта, кӕй ӕрцыд уыцы уӕззау бонты Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй акодта Ростовмӕ ӕртӕсӕдӕмӕ ӕввахс чысыл сабийы ӕмӕ ӕвгъӕддон сылгоймӕгты.

Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2020
Цхинвал ӕрсидт Евроцӕдисмӕ хъус ӕрдарын Гуырдзыстоны ӕнӕзаконон архӕйдтытӕм

"Мӕ цӕстыты раз цыдысты уыцы сау хабӕрттӕ, куы мардтой сывӕллӕтты, сылгоймӕгты, карджын адӕмы. Уыдон, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты рухс нӕттӕ махӕй никуы ферох уыдзысты. Ӕз ӕй ӕмбарын, Ростовы зӕххыл цы хуссарирыстойнаг чысыл ӕмбӕстӕгтӕ райгуырд, уыдон тыххӕй бӕрндзинад кӕй хӕссын", - бафтыдта уӕрӕсейаг депутат.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0