Æвзонг натуралистты бæрæгбон банысан кодтам экологион акцийæ – Мæргъиты Ирбег

© Sputnik / Наталья АйриянМæргъиты Ирбег
Мæргъиты Ирбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Æвзонг натуралистты станцæйы сæргълæууæг Мæргъиты Ирбег радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, сӕ бæрæгбонмæ цавӕр акцитæ ауагътой, уыдон тыххæй
Æвзонг натуралистты бонмæ сарæзтам экологион акци – Мæргъиты Ирбег

Æвзонг натуралистты бон ӕрвылаз дæр нысан кæнынц 15 июны. Хуссар Ирыстоны Æвзонг натуралистты станцæйы сæргълæууæг Мæргъиты Ирбег куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы бонмæ æрвылаз дæр сывæллæтимæ бацæттæ кæнынц мадзæлттæ æмæ равдысттæ. Фæлæ ацы аз станцæмæ цы фæндаг цæуы, уый цалцæгкæнæн куыстытæ бакъуылымпы кодтой саразын ахæм мадзæлттæ.

"Фæлæ ахуыргæнджыты советы ахæм фæндон рахастам, цæмæй нæхæдæг саразæм экологион акци. Уыцы акцийæн бынат равзæрстам Хеуиты хъæу - уым дыууæ суадоны рæзтæ хъуыд ныссыгъдæг кæнын бырæттæй", - загъта Мæргъиты Ирбег.

Станцæйы сæргълæууæг куы банысан кодта, уымæ гæсгæ абон 11 сахатыл ацыдысты натураистты станцæйы минæвæрттæ уыцы дыууæ суадонмæ æмæ сын сæ алфæмблай ныссыгъдæг кодтой.

"Хъыгагæн, не 'мбæстæгтæ аккаг хъусдард нæ дарынц нæ алфæмблай æрдзмæ æмæ уый æвзæн хабар у. Алы адæймаг дæр Ирыстоны хæсджын у, цæмæй кæм бада, цæра æмæ цæуа, уым ма бырон кæна", - бахахх кодта Ирбег.

Уый банысан кодта, æрдзы сыгъдæгдзинадæн кæй ис ахсджиаг нысаниуæг æмæ уыцы хъуыдыйыл хъомыл кæнынц сæ ахуыргæнинæгты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0