Цæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей

© ГТРК АланияЦæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей
Цæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2021
Рафыссын
Экспонатты хсæн фенæн ис рагон хæдзарон мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ, хæстон æзты атрибутикæ. Алкæцы предметæн дæр дзы ис йæхи цымыдисон истори

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik. Цæгат Ирыстоны Ӕрæфы районы цæрæг Бетрозты Аслæнбег бакодта гом арвы бын музей  йæ райгуырæн хъæу Лескены, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Экспонатты хсæн фенæн ис рагон хæдзарон мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ, хæстон æзты атрибутикæ. Алкæцы предметæн дæр дзы ис йæхи цымыдисон истори.

© ГТРК АланияЦæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей
Цæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2021
Цæгатирыстойнаг коллекционер бакодта гом арвы бын музей

19-æм æнусы англисаг диссаджы техникæ нырма дæр у куыстхъом. Уый ныртæккæ лыстæг кæны хъæмп. Уый æххуысæй раздæр арæзтой самандурæй хæдзæрттæ. Ӕмæ ахæм артефакттæ Бетрозты Аслæнбеджы коллекцийы ис сæдæгæйттæй. Уый æмбырд кæны рагон мигæнæнтæ æмæ сæ дары æмбæлон уавæрты.

"Дæс азы дæргъы æмбырд кæнын ацы фæллой. Мæхæдæг сæм кæсын, бацалцæг сæ кæнын, кæм хъæуы уым сæ бацахурын. Чи сæ æмбырд кæндзæн, кæд æз нæ, уæд? Бирæтæ æрлæууынц мæ музейы раз, фæкурынц, цæмæй сын мæ артефакттæй исты рауæй кæнон. Фæлæ æз нырма никуы ницы ауæй кодтон. Кæсгæ сæм кæнæт æрмæст", - радзырдта коллекционер. 

Музеймæ æрбацæуджытæн фадад ис фенын цыргъгæнæн тæрхджытæ, уæрдæттæ, рагон барæнтæ, немыцаг кард, афтæ ма видеокамерæ, кæцыйы фæрцы фыст æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хроникæ. Иууыл хистæр экспонат ын у, иу мин азы кæуыл цæуы, ахæм цыргъгæнæн дур.

Гом арвы бын музеймæ боны дæргъы æрбацæуы бирæ уазджытæ. Уыдонæй Аслæнбег æхца нæ исы, йæ ныхæстæм гæсгæ, уый музей æфтиаджы тыххæй нæ сарæзта.

Коллекционер ныфс æвæры, дарддæр йæ музей кæй кæндзæн хъæзныгдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0