Хуссар Иры коронавирус иу суткӕмӕ бахӕцыд фондз адӕймагыл - "Югосетпотребнадзор"

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы рабӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирус бахӕцыд 3 402 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой фондз адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтам 50 тесты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй фондзӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, къуырисӕры медицинон хыгъдӕй кӕй систой ӕртӕ адӕймаджы, дохтырты хъусдарды бын ма ис 48 пациенты.

Пандемийы райдайӕнӕй уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 610 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. Инфекци COVID-19 бахӕцыд 3402 адӕймагыл, уыдонӕй сӕнӕниз сты 3354 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0