Хуссар Иры премьер радзырдта, кӕд райсдзысты республикӕйы фӕфылдӕргонд мыздтӕ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры премьер радзырдта, кӕд райсдзысты республикӕйы фӕфылдӕргонд мыздтӕ
Хуссар Иры премьер радзырдта, кӕд райсдзысты республикӕйы фӕфылдӕргонд мыздтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Рафыссын
Бекъойты Геннадий фехъусын кодта, ацы къуыри кӕй бафысдзысты бадзырд, кӕцымӕ гӕсгӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕн фӕфылдӕр уыдзысты сӕ мыздтӕ. Июлы уыдонимӕ иумӕ фӕфылдӕргонд мыздтӕ райсдзысты бюджетон кусджытӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны бюджетон фадыджы кусджытӕ ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕ июлы райсдзысты фӕфылдӕргонд мыздтӕ, загъта йӕ интервьюйы Sputnik-ӕн республикӕйы премьер-министр Бекъойты Геннадий.

"Уӕрӕсейаг фарсимӕ бафыстам бадзырд бюджетон фадыджы кусджыты мыздты фӕдыл. Фидӕн мӕйы райдайӕны уыдон райсдзысты мыздты фӕлхыгъд. Мыздтӕ фӕфылдӕр уыдзысты 50 проценты онг. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у стыр ӕххуыс адӕмӕн", - загъта хицауады сӕрдар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуырийы дӕргъы хъуамӕ бафыссой ноджы иу бадзырд, кӕцы хауы паддзахадон службӕгӕнджыты мыздтӕм.

Турист - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хицауады сӕрдар радзырдта, куыд райтынг кӕндзысты Хуссар Иры туризмы фадыг

Афтӕ ма Бекъойты Геннадий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, июны хицауад кӕй райста уынаффӕ пенситӕ 6,6 проценты синдексаци кӕныны фӕдыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фӕдзӕхст фехъусын кодта йӕ ныстуаны паддзахады сӕргълӕууӕг.

"Уыдон сты 40 милуан сомы уӕлӕмхасӕн хӕрдзтӕ. Пенситӕ фӕфылдӕр сты респубдикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгты руаджы. 6,6 проценты стыр цифрӕ нӕу, фӕлӕ уӕддӕр паддзахады ахӕм ӕххуыс уыдзӕн пайда хистӕр фӕлтӕрӕн", - загъта премьер.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, майы Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий ӕмӕ Уӕрӕсейы фӕллойады министр Антон Котяков бафыстой документ УФ фӕрӕзты руаджы республикӕйы паддзахадон ӕмӕ муниципалон уагдӕтты кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0