Цхинвалы историон бӕстыхайы бынаты сараздзысты сывӕллӕтты фӕзуат

© Из архива А.Цховребова Облпотребсоюзы бӕстыхай
Облпотребсоюзы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Рафыссын
Арӕзтад уагъд цӕуы Гаглойты Хазбийы уынгыл (раздӕры Тельманы уынг). Раздӕр ацы бынаты уыд Зӕронд Цхинвалы рӕсугъддӕр бӕстыхӕйттӕй сӕ иу, цы ран советон дуджы уыд Облпотребсоюз

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik, Хъылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы раздӕры Облпотребсоюзы бӕстыхайы бынаты райдыдта сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуаты арӕзтад, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы хӕрзарӕзтады хайады директор Габуты Инал.

Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой Зӕронд хиды фарстыл

Бӕстыхай, кӕцы арӕзт ӕрцыд XIX ӕнусы, ныппырх кодтой 2019 азы фӕззӕджы. Ӕхсӕнад ӕмӕ Культурӕйы министрады цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайад дзырдтой, цӕмӕй бӕстыхай сконсерваци кӕной ӕмӕ уый фӕстӕ та среставраци кӕной, фӕлӕ хициауад аскъуыддзаг кодта ныппырх кӕнын бӕстыхай йӕ аварион уавӕры тыххӕй.

Администрацийы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй, сывӕллӕтты фӕзуатыл уыдзысты хъазӕн агрегаттӕ, бандӕттӕ улӕфынӕн.

"Уыдзӕн ма дзы цъӕх зонӕ. Куыстытӕ хъуамӕ фӕуой ацы аз", - загъта Габуты Инал.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты фӕзуаты арӕзтадӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой президентон фондӕй.

Арӕзтады фӕзуат у 450 квадратон метры. Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0