ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Чехойты Инга. Ӕнӕниз цардуаг уарзджытӕ, велосипедистты къорд "Крути педали"-йы иууыл фӕразондӕр ӕмӕ тыхджындӕр минӕвӕрттӕ сабаты фӕнд кӕнынц басӕттын маршрут Цхинвал–Зар–Гуфта–Цхинвал.
Командӕйы активисттӕ Тедеты Лери ӕмӕ Ольга Михаилиди куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй маршрут у тынг вазыгджын.
"Велозгъорд уыдзӕн дӕргъвӕтин ӕмӕ вазыгджын, хайад дзы райсдзысты ӕрмӕстдӕр нӕ командӕйы фӕлтӕрд ӕмӕ фӕразон уӕнгтӕ. Нӕ фӕндаджы дӕргъ уыдзӕн 58 километры, фӕлӕ йӕ зынвадат кӕнынц бирӕнынмӕц хӕрдтӕ", - радзырдта Тедеты Лери.
Олга Михаилиди та банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд маршрут тынг вазыгджын у, уӕд рӕсугъд ӕмӕ цымыдисон дмр афтӕ у.
"Тъыбетӕй Гуфтайы онг фӕндаджы фадыг у ӕнагъӕддаджы рӕсугъд. Ӕрдзы диссаджы нывтӕ ныл кӕлӕнтӕ бафтауынц", - загъта уый.
Ацы маршрутыл ма велосипедисттӕ рацыдысты 2019 азы дӕр. Ӕнӕниз цардуаг уарзджыты активы ис бирӕнымӕц велозгъордтӕ, сӕ нымӕцы иууыл вазыгджындӕр маршруттӕ Цхинвал–Ленингор–Цхинвал, Цхинвал–Рукъ–Цхинвал.