Къуаисайы иуварс кӕнынц доны хаххыл авари

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуаиса
Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Горӕт Къуаисайы цӕрджытӕ социалон хызӕгты куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй тӕрккъӕвдайы рӕстӕджы резервуармӕ дон цы хаххыл цӕуы, уый сӕхгӕдтой зырдуртӕ

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Цӕрӕн-Коммуналон хӕдзарады кусджытӕ иуварс кӕнынц тӕрккъӕвдайы фӕстиуджытӕ, кӕцытӕ бахъыгдардтой доны хахх Везур-Къуаисайы куыст.

Горӕт Къуаисайы цӕрджытӕ социалон хызӕгты куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй тӕрккъӕвдайы рӕстӕджы резервуармӕ дон цы хаххыл цӕуы, уый сӕхгӕдтой зырдуртӕ.

"Сӕ иу хай сын расыгъдӕг кодтой, аннӕ хай ссыгъдӕг кӕндзысты, доны ӕмвӕзад куы фӕныллӕгдӕр уа, уӕд. Резервуармӕ дон сӕрибарӕй кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй ӕййафӕм доны цухдзинад", - фыссынц социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ.

Хъуыддаг ма къуыхцы кӕны, уӕззау уавӕрты кусын кӕй хъӕуы, уый дӕр.

"Горӕты Цӕрӕн-Коммуналон хӕдзарады кусджытӕ сӕ разамонӕг Хуыгаты Аланимӕ иумӕ их доны кусынц, цӕмӕй радтой дон горӕтмӕ. Кӕдфӕндыдӕр сӕ ныфс бавӕрӕн ис", - ныффыста йӕ фарсыл Къуаисайы цӕрӕг Тедеты Индира.

Ног хабӕртты лентӕ
0