Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрурӕдтой 32 арӕнхалӕджы

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрурӕдтой 32 арӕнхалӕджы
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрурӕдтой 32 арӕнхалӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Арӕнгӕрон фадыджы законы фехӕлдты нымӕц сӕрды фыццаг мӕй уыд къаддӕр маймӕ абаргӕйӕ, банысан кодтой ПӔК

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Июны Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон фадгуыты ӕрурӕдтой 32 арӕнхалӕджы, майы аналогион фехӕлдты тыххӕй ӕрурӕдтой 36 адӕймаджы, фехъусын кодтой ӕртыццӕджы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК).

Паддзахадон арӕны режим фехӕлдтой 11 адӕймаджы, арӕнгӕрон режим та 21 адӕймаджы.

"12 адӕймаджы фӕивар кодтой, фондзы феддӕдуар кодтой республикӕйӕ ӕнӕ иварон сакцитӕй, ноджы 15 та бафӕдзӕхстой", - банысан кодтой комитеты.

Слестгӕнӕн изолятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссар Ир радта Гуырдзыйӕн йе 'мбӕстаджы, кӕцы аз фӕбадт ахӕстоны арӕн фехалыны тыххӕй
Уагдоны ма бахахх кодтой, Гуырдзыстоны эпидемиологон уавӕр кӕй февзӕрдӕр, афтӕ ма республикӕмӕ коронавирусы индиаг штамм ма рбауадзыны нысанӕн ПӔК Арӕнгӕрон службӕ рекомендаци кӕны арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты цӕрджытӕн, цӕмӕй ма контакт кӕной арӕнхалджытимӕ, афтӕ ма ӕххуыс кӕной паддзахадон арӕн бахъахъхъӕныны фарстыты.

Уымӕй дарддӕр, Арӕнгӕрон службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ арӕнгӕрон зонӕйы улӕфӕн бынӕттӕм куы цӕуой, уӕд семӕ хъуамӕ уой бӕлвырдгӕнӕн документтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0