ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Персайнаг æвзагыл Нарты кадджыты чиныгæн Мæскуыйы æмæ Дзæуджыхъæуы ацыд презентаци видеобастдзинады руаджы, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Мадзалы архайдтой хицаудзинады, зонадон æхсæнады минæвæрттæ, Иран æмæ Цæгат Ирыстоны эксперттæ. Банысангонд æрцыд, чиныг кæй у Иран æмæ Уæрæсейы хсæн æнгомдзинады фæрæз.
"Æдæппæтæй сты 500 экземпляры æмæ дзы 400 лæвæрд æрцыд Ираны æххæстбарджын минæварадмæ. Уырдыгæй сæ арвитдзысты профилон ахуыргæнæндæттæм æмæ куыстуæттæм", - дзырдæуы хъусинаджы.
Персайнаг æвзагыл Нарты кадджыты чиныджы презентаци уыдис ЦИПУ-йы дæр. Йæ сæргонд — "Нарт-Намэ". Тæлмац кæныныл бакуыстой куыд ирыстойнаг, афтæ ирайнаг ахуыргæндтæ.
Чингуыты фылдæр хай ныридæгæн арвыстой Ираны минæварадмæ. Мадзалы архайдтой республикæйы нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Цуциты Аслан, ЦИПУ-йы ректоры хæдивæг Туаты Бертæ, историкон факультеты декан Плиты Зæлинæ.
Фембæлд ацыди видео-конференцийы форматы. Онлайн бастдзинад сын уыди ирайнаг минæвæрттимæ дæр. Се ппæт дæр фæнысан кодтой чиныджы ахадындзинад, зонадон æхсæнадæн кæй уыдзæн тынг пайда - ирон эпосы дуне бæстондæрæй байгом кæндзысты Ираны зонадон иртасджытæн.