Уӕрӕсейаг микрохирургы ӕрцыд Хуссар Ирмӕ аргъӕвтой COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРентген
Рентген - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадыл специалист Андрей Жигалов хъуамӕ ӕрцыдаид Хуссар Ирыстонмӕ ацы мӕй, фӕлӕ эпидемуавӕр кӕй февзӕрдӕр, уый тыххӕй аргъӕвтой йӕ балц

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Уӕрӕсейаг специалист къухы микрохирургийы фадыджы Андрей Жигало Хуссар Ирыстоны пациентты ӕнӕаргъӕй райсдзӕн 2021 азы 11 ӕмӕ 12 сентябры.

"11 ӕмӕ 12 сентябры специалист ӕнӕаргъӕй сгардзӕн республикӕйы цӕрджытӕй къухы патологитӕ кӕмӕн ис, уыдоны. Афтӕ ма уый ауадздзӕн миниинвазивон операцитӕ пациенттӕн", - дзырдӕуы ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады хъусинаджы.

Жигало у сӕдӕйӕ фылдӕр зонадон куысты автор, сӕ нымӕцы дыууӕ ахуыргӕнӕн чиныджы, иу патент ӕмӕ 20 рационализаторон ӕнхъарӕны. 2016 азы уымӕн Уӕрӕсейы президент Владимир Путин загъта бузныджы ныхӕстӕ УФ Гарзджын тыхты сӕрмагонд хӕслӕвӕртӕ аскъуыддзаг кӕныны йе 'ххуысы тыххӕй.

Уагдоны ма ноджы банысан кодтой, ныридӕгӕн хуссарирыстойнаг травматолог Козаты Дмитрий кӕй цӕуы ахуыр Санкт-Петербурджы къухы микрозирургийы ӕхсӕнадӕмон центр "СОГАЗ МЕДИЦИНА"-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0