ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны активон улӕфты уарзджытӕ цӕттӕ кӕнынц басӕттын ног маршрут велосипедтыл. Къахдзоныгъты спорт ӕмӕ сноуборды федерацийы президент Тедеты Лери куыд радзырдта, афтӕмӕй ныридӕгӕн уагъд цӕуы этапон цӕттӕкӕнынад дӕргъвӕтин веломаршрут "Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу"-мӕ.
"Нысӕнттӕ сӕвӕрдтам, ныр та нӕ ныфс ис, коронавирусы фӕдыл арӕнӕвӕрдтӕ кӕй нӕ фехалдзысты нӕ нывӕзт. Ӕввахсдӕр маршрут нывӕндӕм скӕнын Къуаисамӕ. Мах нырма хъуамӕ ӕрзилӕм республикӕйы районтыл, уый фӕстӕ та ацӕудзыстӕм дарддӕр", - загъта уый.
Велосипедисттӕ, кӕцытӕ фарон хайад истой Ленингоры районы балцмӕ, ацы аз дӕр басастой дӕргъвӕтин дистанцитӕ. Тедеты Лерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон цӕттӕ уыдзысты Кавказы рагъы сӕрты балцмӕ дӕр.
Ивгъуыд улӕфт бонты велосипедисттӕ ацыдысты "Цхинвал – Зар – Гуфта" маршрутыл ӕмӕ басастой 63 километры. Хуссар Ирыстоны 19 июны ацыд егъау велозгъорд, кӕцы ӕрӕмбырд кодта 300 сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы.