ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссарирыстойнаг боксер Гӕджиты Азӕмӕт рахызт 16 азы кары онг спортсменты хсӕн Европӕйы фыццагады ӕрдӕгфиналмӕ, фехъусын кодта Sputnik спртсмены тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Европӕйы фыццагады боксӕй Гӕджиты Гурам архайы 66 килограммы онг уӕзы категорийы. Цыппӕрӕмы йӕ радон тохы турниры ирон боксер фӕуӕлахиз Беларусы минӕвар Владислав Кузнецовыл. Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гурам цыд комкоммӕ нывӕзтгонд тактикӕйыл йӕ ныхмӕлӕууӕгимӕ тохы.
"Мах бакастыстӕм Кузнецовы тохтӕм ӕмӕ йын рафӕлгъаудтам йӕ тыхджын ӕмӕ лӕмӕгъ фарсытӕ. Гурамы раз лӕууыд хӕс, цӕмӕй ныхмӕлӕууӕджы дардтаид дистанцийыл ӕмӕ ма бахызтаид ӕргом тохы. Куыд федтам, афтӕмӕй уыцы тактикӕ разынд фӕстиуӕгджын", - банысан кодта Дзигойты Ацӕмӕз.
Тренер ма бафтыдта, турниры ӕрдӕгфиналы, кӕцы ацӕудзӕн майрӕмбоны, Гурам рингмӕ кӕй рахиздзӕн гуырдзиаг боксеримӕ.