Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды

© Sputnik / Наталья Айриян Цъон
 Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Рафыссын
Цъоны цӕрджытӕ кӕд тыхсынц иунгӕгдзинадӕй, уӕддӕр сӕм уазӕг цӕуы арӕх - зымӕгон рӕстӕджы улӕфджытӕ, сӕрды та ардӕм цӕуынц скъоладзаутӕ экскурситы. Sputnik бабӕрӕг кодта, сӕрды та куыд цӕуы цард зымӕгон хӕххон курорты

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Цъоны хъӕу у адӕмы хъусдардӕй дӕр ӕмӕ ӕрдзы лӕвӕрттӕй дӕр рӕвдыд - цойнаг цыхт нымад цӕуы хуыздӕрыл, йӕ дӕлвӕзты арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны иунӕг зымӕгон улӕфӕн курорт, йӕ къӕсӕрыл ис Ерцъойы цад-ӕндӕрг, ахуыргондтӕ цымыдис ӕвдисынц йӕ лӕгӕттӕм.

Sputnik бабӕрӕг кодта, сӕрды та куыд цӕуы цард зымӕгон хӕххон курорты.

Ерцъойы ӕндӕрг

Уазджытӕй ӕмӕ туристтӕй ацы ком цух нӕу сӕрды дӕр - йӕ къӕсӕрыл ис бӕлццӕтты иууыл уарзондӕр цад Ерцъо. Иууыл ныфсхасттӕ йӕ былгӕрӕтты ӕхсӕвиуат дӕр ӕркӕнынц.

© Sputnik / Ада БагианЕрцъойы цад
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Ерцъойы цад

Рӕсугъддзинадӕй дарддӕр ма йӕ ном хъуыст у, йӕхи куыд ивы, уымӕй: цад куы бынтондӕр басур вӕййы, куы та йӕ ӕмвӕзад афтӕ сбӕрзонд вӕййы ӕмӕ фӕндаггӕрон лӕгӕтӕй ракӕлы.

"Цады ӕмвӕзад бӕрӕг кӕнынц, лӕгӕты дон куы фӕзыны, уымӕй дӕр. Стӕй ахъуызы йӕ дон. Дзурынц, зӕгъгӕ, дон сусӕг фӕндаг ссардта зӕххӕнкъуысты фӕстӕ", - дзуры Цъоны цӕрӕг Джуссойты Рафик (Гурген).

Цыппар мыггаджы хъӕу

Цъоны хъӕу ӕрбынат кодта фӕзы. Фӕндагӕй ракӕсгӕйӕ дих у цалдӕр сыхыл. Ам рагзамантӕй фӕллой кӕнынц Джиотӕ, Хуыгатӕ, Битетӕ ӕмӕ Джуссойтӕ.

"Джуссойтӕй ма дзы иу хӕдзар стӕм. Нӕ мыггаг у Замтаретӕй рацӕугӕ, уым Джуссойты зӕй куы фӕласта, уый фӕстӕ та бахаудыстӕм донивылдты. Уӕд ралыгъдыстӕм ӕмӕ ӕрбынат кодтам ам", - дзуры Рафик.

Раздӕр хъӕу уыд егъаудӕр, хицӕн сыхтӕй цардысты Битетӕ, Джиотӕ, Хуыгатӕ.

"1953 азы сфыстмӕ гӕсгӕ Цъоны цард 220 хӕдзары", - зӕгъы хъӕуы цӕрӕг Джиоты Николай (Коли).

© Sputnik / Наталья АйриянЦъон
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Цъон

Хъӕуы дардӕй бакӕсгӕйӕ нырма дӕр зыны бирӕ хӕдзӕрттӕ, фӕлӕ сӕ цӕрӕг стӕмты ис. Бирӕтӕ ныууагътой сӕ фыдӕлты цӕрӕнбынӕттӕ ӕмӕ хуыздӕр цард агурӕг ацыдысты Дзӕуджыхъӕу, Къуайса ӕмӕ Цхинвалмӕ.

Стыр хъӕдын хӕдзӕрттӕн сӕ агъуысттӕ ныккалдысты науӕд ныттасыдысты, тыхдымгӕтӕ сӕ систы ӕмӕ рудзгуыты сарӕзта зыхъхъыртӕ. Хӕдзӕрты рудзынгӕмбӕрзӕнты хуры тых бахордта ӕмӕ ӕддӕмӕ фӕлгӕсынц сӕ хӕдзарон мигӕнӕнтӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъон
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Цъон

Къултыл къамтӕй зынынц сӕ дзӕнӕттаг хицӕутты хуызисттӕ. Сӕ зӕнӕг кӕд раджы фӕцыдысты ацы рӕсугъд къуымӕй, уӕддӕр хатӕнты мидӕггагон ӕфснайд афтӕ зыны, цыма фысым иу уысм уынгмӕ ахызт. Ӕрмӕст ма стыр ӕфсӕн гуыдыртӕ дуӕрттыл дзурынц, цӕрӕг сӕ кӕй нал ис.

"Цы хъуыддаг мӕ ис горӕты, фӕлӕ ме 'мкъай куы амард 2016 азы, уӕд ныууагътон мӕ хӕдзар ӕмӕ ацыдтӕн Цхинвалмӕ, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ ам ис. Мӕ зӕнӕг мӕ нӕ фӕуадзы, фӕлӕ та рахъуызыдтӕн", - катай кӕны ацӕргӕ нӕлгоймаг.

Николоай фос нал дары, ӕрмӕст ма йӕ цӕхӕрадоны халсартӕм кӕсы ӕмӕ мысы йӕ комы раздӕры цард. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хохы цард хуымӕтӕг никуы уыд, фӕлӕ дзы цӕрӕг алыхатт дӕр уыд бирӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Николай (Коли)
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Джиоты Николай (Коли)

"1997 азы нӕм ахӕм мит ныууарыд ӕмӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ рахизӕн саразынӕн хъуыд мит акаланын, фӕлӕ йӕ кӕдӕм акалдтаиккам, уый дӕр нал зыдтам. Авд метры уыд йӕ бӕрзӕнд. Фӕндаг та нӕм балыг кодтой ӕрмӕст 12 майы", - мысы Коли.

"Цъойнаг цыхт бур у"

Цъойнаг цыхты ном Ирыстоны айхъуыст, цалынмӕ йын зындгонд зарӕггӕнӕг Харебаты Вадим зарӕг "Цъойнаг цыхт бур у" снывонд кодта, уӕдмӕ дӕр. Ам Советон цӕдисы уыд цыхты иууыл гуырахстджындӕр завод.

"Цъоны урсаджы заводмӕ сӕ продукци дӕттой ӕртӕ фермӕ - дыууӕ ам бынаты, иу та Хъӕмпӕлты хъӕуӕй. Егъау рауагъдадмӕ бон цыд цалдӕр тоннӕйы ӕхсыр. Ӕрвылкъуыри дыууӕ тоннӕ цыхт ӕрвыста Цхинвалы "Маслопроммӕ", уырдыгӕй та Тбилисмӕ цыд иууыл хӕрзгъӕд цыхт", - мысы Коли.

Цъоны рауагъдад дӕтта дыууӕ хуызы цыхт - голландиаг ӕмӕ советон.

"Цыхтытӕ хицӕн кодтой сӕ уӕзӕй, советон уыд егъаудӕр. Ахста йае Джиоты Мате. Хъарм ӕхсырыл ахсӕн кодта, стӕй йӕ лыстӕг цъӕл кодта ӕмӕ-иу йӕ стӕвд кодта. Ӕнахуыр хӕрзад цыхт уыд", - бафтыдта уый.

© SputnikЦъойнаг цыхт
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Цъойнаг цыхт

Фӕстаг цыхты парти ма куы хъавыдысты 90-ӕм ӕзты аласын Гуырдзыстонмӕ, уӕд сын сӕ лӕппутӕ байстой ӕмӕ сӕ Театралон фӕзуатмӕ баластой.

"Уӕд сӕ кой бирӕ фӕкодтой. Сӕ сылы уым лӕдӕрст, адӕм сӕм уынынмӕ цыдысты", - дзуары Цъоны цӕрӕг Джиоты Коли.

Цъойнаг цыхт кӕд у иууыл зынаргъдӕр, уӕддӕр ӕм ӕлхӕнӕг цӕуы йӕхӕдӕг.

Цъоны бырӕн фӕз - астӕумӕ кӕрдӕджы

Зымӕгон улӕфджыты уарзон бынат - Цъоны дӕлвӕз ныридӕгӕн ис астӕумӕ кӕрдӕджы, хизӕн хуымты тезгъо кӕнынц фосы дзугтӕ, сӕгъты рӕгӕуттӕ ӕмӕ ӕгӕрыстӕмӕй бӕхты рӕгъау дӕр. Йӕ фарсмӕ цӕры хъӕуы хицау Битеты Мухар, уыдон ма йе 'мкъайимӕ  сты хъӕуы цалдӕр хӕдзарӕй иу, кӕцы ӕдзух цӕрынц бынаты.

© Sputnik / Наталья АйриянБитеты Мухар йе "мкъайимӕ
Бур цыхт, номдзыд лӕгӕт ӕмӕ цад-ӕндӕрг: цӕмӕй цӕры зымӕгон курорт Цъон сӕрды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Битеты Мухар йе "мкъайимӕ

Сӕ зӕнӕг ӕрбынат кодтой Цхинвал, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Къуайсайы.

"Алкӕцы дӕр нӕ сӕ кӕны йӕхимӕ, фӕлӕ никуыдӕм цӕуӕм ардыгӕй", - зӕгъы Мухар.

Цъоны цӕрджытӕ кӕд тыхсынц иунгӕгдзинадӕй, уӕддӕр сӕм уазӕг цӕуы арӕх - зымӕгон рӕстӕджы улӕфджытӕ, сӕрды та ардӕм цӕуынц скъоладзаутӕ экскурситы лӕгӕттӕм, улӕфджытӕ та хӕстӕг цадмӕ. Ирыстоны ацы къуымы нырма ӕнувыд сты фыдӕлты ӕгъдауыл - уазӕджы алчидӕр архайы йӕ хӕдзармӕ бахоныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0