ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы ӕртыккӕгӕм астӕуккаг скъола ратдзысты эксплуатацимӕ ног ахуырадон азы райдайӕнмӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтады министрады минӕвар Къацты Сослан.
"Арӕзтадон объекты архайынц 27 кусӕджы. Куыстытӕ сты кӕронбӕттӕн этапыл", - загъта Къацты Сослан.
Къацты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, проектмӕ гӕсгӕ скъолайы уыдзӕн актон зал, хӕрӕндон, библиотекӕ ӕмӕ кӕсӕн зал.
"Афтӕ ма дзы уыдзӕн музейон хатӕн ӕмӕ лифт низӕфхӕрд адӕмӕн", - банысан кодта министрады минӕвар.
Зӕронд аварион бӕстыхай, кӕцы арӕзт ӕрцыд 1939 азы, ныппырх кодтой ивгъуыд азы кӕрон, йӕ бынаты сцайдагъ сты арӕзтадон куыстытӕ. Ног бæстыхай арæзт цæуы 2020-2022 æзты инвестицион нывæзты фæлгæтты. Ӕртæуæладзыгон скъола нымад у 200 ахуырдзауыл. Ног бæстыхайы арæзтады æмгъуыдмӕ йæ ахуырдзаутæ æмæ педколлектив сты "уазæгуаты" Цхинвалы 12-æм скъоламæ.