ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik, Козаты Диана. Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион рынчындоны "сырх зонæйы" коронавирусæн хос кæнынц 72 пациенты, фехъусын кодта журналисттæн Хуссар Ирыстоны сæйраг инфекционист Джиоты Элеонора.
Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры ацыд пресс-конференци сæйраг инфекционист Джиоты Элеонора æмæ Донецкаг национ медицинон университеты анестезиологи, реаниматологи æмæ неонатологийы кафедрæйы гæс Андрей Колесниковы хайадистæй.
"Фæстаг дыууæ къуырийы рынчынты нымæц æнæрлæугæйæ хизы уæлæмæ, уыдон госпитализаци цæуынц "сырх зонæмæ". Ныртæккæ уым хос кæнынц 72 пациенты, се хсæн ис уæззау рынчынтæ дæр. Фæлæ уыдон иууылдæр исынц æмбæлон терапи", - радзырдта инфекционист.
Джиоты Элеонорайы ныхæстæм гæсгæ, зынзæгъæн у, республикæйы цавæр штамм ис, уый æрдзырдта, низ йæхи куыд æвдисы æмæ медиктæ куыд тох кæнынц йемæ, уыдæттыл.
"Мах уынæм, низ кæй фæкарздæр вæййы фæрынчыны æмгъуыдæй бирæ фæстæдæр. Карыл дзргæйæ та, кæд фарон инфекци хæцыд фылдæрбæрцæй ацæргæ адæмыл, уæд нæ ацы аз та фылдæр æрбахауынц астæуккаг кары адæм", - загъта уый.
Коронавирусæй рынчынты хоскæнынадыл дзургæйæ та сæйраг инфекционист банысан кодта, Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад ныридæгæн кæй рауагъта методикон рекомендациты цалдæр хуызы. Хуссарирыстойнаг медиктæ дæр пайда кæнынц ног рекомендацитæй, кæцытæ рацыдысты ацы аз майы.
"Уынаффæ кæнынц низ бахæцыны фыццаг бонтæй спайда кæнын ныхылды ныхмæ фидар терапийæ", - бахахх кодта Джиоты Элеонора.
Уый фехъусын кодта, медуагдоны кæй ис æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ æмæ медикаменттæ дæр.