Хуссар Иры Дменисы сабидоны бакодтой карантин коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянДменисы хъӕуы сабидон
Дменисы хъӕуы сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны кусджытӕй цыппарӕн сбӕлвырд кодтой COVID-19, уый ӕхгӕд уыдзӕн 16-28 июльмӕ

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы сабидоны бакодтой карантин санитарон службӕты барамындӕй, фехъусын кодта Sputnik сабидоны директор Джиоты Манана.

"Уагдоны административон кусджытӕй цыппарӕн лабораторион уавӕрты сбӕлвырд кодтой коронавирусы инфекци. Сывӕллӕттӕй рынчын ничи ис. Иу хъомылгӕнӕг, дыууӕ няня ӕмӕ ӕфснайӕг сты рынчын. Цӕмӕй низ дарддӕр ма апарахат уа, уый тыххӕй уагдоны куыст ӕрурӕдтой", - загъта директор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабидон сӕхгӕдтой санитарон службӕты скъуыддзагӕй.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Цхинвалы сӕхгӕдтой карантиныл сабидон коронавирусы инфекцийы аххосӕй

Сывӕллӕтты рӕвдауӕндон ӕхгӕд уыдзӕн 16-28 июльмӕ.

Дменисы хъӕу у Цхинвалы районы стырдӕр хъӕутӕй иу. Сабидонмӕ цӕуы 60 сывӕллоны бӕрц.

Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртындӕсӕм сабидоны дӕр бакодтой карантин, уымӕн дӕр йӕ ахоссаг ссис коронавирус кӕй фӕзынд кусджвтӕн, уый

Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад, республикӕмӕ ӕрцыд COVID-19-ы дыккаг уылӕн. Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын медицинон уагдӕттӕ пациентты райсынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0