Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 30 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Рафыссын
Бон раздӕр COVID-19 сбӕрӕг кодтой республикӕйы 42 цӕрӕгӕн, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3912 онг

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 30 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 193 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 30 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 15 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 386 пациенты", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 бахӕцыд 3912 адӕймагыл, уыдонӕй 3526 сӕнӕниз сты. Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 26 452 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад, республикӕмӕ ӕрцыд COVID-19-ы дыккаг уылӕн. Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0