ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны национ банк уадзы дыууӕ юбилейон згъӕрӕхцайы. Згъӕрӕхцайы сӕнусон кӕндзысты Тугъанты Махарбег ӕмӕ Хаханов Дудары нӕмттӕ, фехъусын кодта Sputnik банчы разамонӕг Джиоты Жанна.
Зындгонд музыкант, композитор ӕмӕ Уӕрӕсейы аивӕдты сгуыхт кусӕг Хаханов Дудары хуызисттимӕ згъӕрӕхцатӕ сты цӕттӕ ӕмӕ тагъд рӕстӕджы хӕццӕ кӕндзысты Цхинвалмӕ. Дыккаг - Тугъанты Махарбеджы згъӕрӕхца дӕр уыдзӕн ацы аз.
"Фыццаг нывгӕнджытӕй сӕнусон кодтам адӕмон нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы ном, уымӕн ацы аз Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц йӕ райгуырӕн боныл 140 азы сӕххӕст. Аивады фадыджы дыккаг юбиляр та у номдзыд музыкант Хаханов Дудары, ууыл ацы аз сӕххӕст уыдаид 100 азы", - загъта уагдоны хистӕр.
"Уыдон фӕдыл дӕр сарӕзтам заказ",- бафтыдта уый.
Уымӕй размӕ Республикӕйы Национ банк сӕнусон кодта СФХ ӕртӕ номдзыд генералы, ахуыргонд академик Абайты Уасойы, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы, рухстауӕг ӕмӕ инжинер Гаглойты Рутены, паддзахады историйы ахсджиаг цаутӕ ӕмӕ егъау кувӕндӕттӕ.