Нуазыны дон Цхинвалӕн: горӕтгӕрон суадонмӕ баиу кодтой дыууӕ ног донгуырӕны

© Sputnik / Алексей КовалевПрис
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Рафыссын
Горӕттӕгты уарзон суадон ис столицӕйӕ ӕртӕ километры дӕрддзӕфӕн, уырдӕм нуазыны дон ласынмӕ цӕуынц горӕты фылдӕр хай. Изӕрыгон уым сӕвзӕры хӕдтулгӕты радтӕ, фӕстаг къуыри уым дон бынтондӕр нал уыд

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Иры хъӕуы (Еред) сцалцӕг кодтой суадон, кӕцыйӕ нуазыны дон ласынц горӕты фылдӕр хай, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хистӕр Уазӕгты Мевлуд.

Багаев Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2020
Актеры номарæн: Багаты Георгийæн ныффæлдыстой суадон

Горӕттӕгты уарзон суадон ис столицӕйӕ ӕртӕ километры дӕрддзӕфӕн, уырдӕм нуазыны дон ласынмӕ цӕуынц горӕты фылдӕр хай. Изӕрыгон уым сӕвзӕры хӕдтулгӕты радтӕ.

"Суадоны гуырӕн куыстыты рӕстӕджы бахъыгдардтой. Фыццаг йӕ гуырахст фӕкъаддӕр ис, стӕй бынтондӕр басур. Мах уӕлдӕр дыууӕ доны гуырӕны ссардтам ӕмӕ сӕ баиу кодта суадонмӕ. Ныридӕгӕн у хорз арӕзт ӕмӕ дӕтты фылдӕр дон", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ дон цӕуы доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалӕй, фӕлӕ цӕрджыты фылдӕр хай дон ласынц горӕтгӕрон суадӕттӕй, уыдонӕй иууыл уарзондӕр у Иры хъӕуы суадон.

Ног хабӕртты лентӕ
0